перевести

Журнал «ИРÆФ»-И ТУХХÆЙ

…Рæстæг мæйдармæ æ рохс бæнттæ
Соруй, – ледзæн мах сæ фæдбæл,
Туххæй баййафæн сæ кæрæнттæ
‘Ма изæрмелтæй тунд гæппæл
Къохти райзайуй, –
цардафæнттæй
Цума раскъунæн егъау хъуæл,
Фæууæн не ‘скарзи уотæ ‘нгъæл
Уæдта ‘ркæлунцæ нæ байуæнттæ…

Цард «фæууорамæн» тухрæуæнттæй,
Фал е бафтауй æ цудбæл.
Бæнттæ райзол унцæ æд сæнттæ,
Ходгæй не ‘дзæллаг, нæ кудтбæл.

Зелгæй, уайунцæ анзафæнттæ,
Кинау, æсхъеугæ, усмæгай.
Хауæн се ‘рагъæй къахкъуæрæнти,
Фæууæн се ‘ндавдæй æнæхай…

Аци дзубанди хумæтæги нæ райдæдтон поэмæ «Рæстæг æма дуйне»-й рæнгъитæй.
Рæстæг ледзуй размæ æнæвгъауæй, æма нæ цард, нæ хъауритæ, нæ фæллойнæ, нæ хуарз гъуддæгтæ дæр æма нæ рæдудтитæ дæр, фæстегæй изайгæ цæунцæ нæ нифси кæстæртæн, нæ фæдбæл ци фæлтæртæ цæуй, уонæн. Нæ алли фезмæлди, нæ алли дзурди ‘здæхи медес дæр ахсгиагдæр, уæззаудæр æма хъазардæргæнгæ цæунцæ бонæй-бонмæ, сахатæй-сахатмæ, минутæй-минутмæ.
Зæнхи къорей еу рауæнæй иннеми, еу «къумæй» иннеми куд æнцондæр æма тагъддæр равзурæн исуй, уотæ хъæбæрдæр хæлæмултæ кæнунцæ дзиллитæ дæр сæ гъуддæгти хæццæ. Бæрцæй «минкъий адæнихæттитæн» æййевунцæ фиццагидæр се ‘взæгтæ, уæдта, уой фæдбæл ба, се ‘гъдæуттæ, сæ меддуйне æма, сауæнгæ, се ‘ндаг бакаст дæр ма. Еци процесс рагæй цæуй æхе цудæй, æма ‘й, æвæдзи, бауорамун неке бон æй тухмадзæлттæй, берæ устур æвзæгтæ исæййевунцæ сæ конд, кенæ ба рандæунцæ æности æрфитæмæ. Мах дзорæн нæхе ихæстæбæл, нæхецæн кæнгæ ци æй, уони æнхæст кæнунбæл. Хуцау æма нин æрдзæ ци «минкъий», фал уарзон æвзаг равардтонцæ, гъар нин æй, æви уазал, уой ке фæрци лæдæрун кодтан нæ хъазар ниййергутæн нæ сабийбонти, нæ зæрди кæдзосдæр æма арфдæр æнкъарæнтæ ке фæрци игон кодтан нæ уарзонтæн, райгурæн бæсти сæрбæлтау мæлæтмæ цæугæй ма фæстаг зæлтæ нæ уодиæрфитæй ци ‘взагбæл исхауидæ нæ цъухæй, уой цард раскъунунæй, уой фесафунæй нæбæл – махбæл – нуриккон фæлтæрбæл ихæс нæййес.
Не ‘нхæс æй, – нæ раздæри фæлтæртæ куд ниууагътонцæ, уотæ ‘й ниууадзун нæ фæдонтæн.
Еци устур ихæс æнхæст кæнунмæ нин ка агъаз кæнуй, е ба æй республикон литературон-аййевадон журнал «Ирæф».
Журнали редакци косун райдæдта 90-аг анзи комахсæни мæйи. Фиццаг номер мухури рацудæй анзи фæсте. 91-аг анзи уагъд æрцудæй æртæ номери, уæдæй ардæмæ ба алли анз дæр цæуй 4 хатти.
«Ирæф»-и бундор ниввардта æма берæ æнзти дæргъци æ сæйраг редактор адтæй нæ республики зингæдæр ирон æма дигорон финсгутæй еу – Малити Васо, разагъди поэт Малити Геуæргий фурт. Гъулæггагæн, Васо – нæ нифс æма нæ разамонæг, не ‘хсæн нæбал æй абони, фал æ фæсте ци устур сфæлдистадæ ниууагъта фæлтæртæн, е ба цæруй.
Журнал «Ирæф»-и ахсгиагдæр ихæстæмæ хауй райрæзгæ скурдиадгун фæлтæрмæ цæстæ фæддарун, уони агорун æма ерун, разæнгард сæ кæнун сфæлдистадон архайдмæ аллихузи мадзалтæй. Фæсевæд æнцæ æхсæнадон царди тухуастдæр архайгутæн сæ фиццагдæртæ, æма сæ гъæуй раст надбæл ниййаразун. Нæуæг дзамани фæззиннуй нæуæг домæнтæ. Журнал «Ирæф» берæ рæстæги дæргъци лæудтæй консервативон принципти бундорбæл. ‘Ма е, еуæрдиги æркæсгæй, хуарз æй, иннердигæй ба – бæрзонд технологити æноси фæстегæй байзайунæй тæссаг æй. Нæбал нæ ес барæ еу рауæн лæуунæй æма фæййевгъуйæн куститæ кæнунæй. Редакций косгутæ, куд нæ равгæ ‘й, уотæ архайæн журнал афойнадæбæл æма хуæрзгъæдæй уадзунбæл. Арфæ син кæнун, сæ хъауритæ фулдæрæй фулдæр кæнæнтæ.
А-фæстаг дууæ анзей дæргъци нин бантæстæй размæ раампъез кæнун: байгон кодтан нæхе сæрмагонд сайт интернети, дууæ аккаунти – Фейсбук ‘ма Инстаграми, нæ автор, скурдиадгун финсæг – Миндзайти Валентини æнхусæй. Исаразтан журнали еугур номертæн дæр æ райдайæнæй нури уæнгæ алли анзæн подшивкæ. Кæнæн электрон архив «Ирæф»-æн.
Косæн электрон рафинсунадæбæл, цæмæй журналæн кæсæн уа зæнхи къорей алли къуми дæр. Журнали æндаг бакаст, æ цъарæ раййивтан райдзастдæрхузæй. Исамал кодтан компьютерти дууæ комплекти. Косæн тираж фæффулдæр кæнунбæл.
Нуртæккæ бал нæ тиражи бæрцæ æй бæрæг бæлвурд, паддзахади ихæслæвæрд куд амонуй, уотæ.
Арфæ кæнæн нæ республики хецауадæн æма Мухури гъуддæгти комитетæн, сæ фарс нæмæ ке дарунцæ, уой туххæй. Æнæ паддзахадон æнхусæй национ литературон-аййевадон журналтæн фæццæрæн нæййес. Нифс ни бауагъта, а-фæстаг рæстæги нæ хецауадæ, Уæрæсей дæр æма республики дæр, се ‘ргон фулдæр æздахун ке райдæдтонцæ национ литературон æвзæгтæ багъæуай кæнунмæ, еци гъуддаг.
Нур ба – журнали медеси туххæй.
«Ирæф» айдагъ аййев литератури хæзнадонæ нæ ‘й, фал ма – нæ адæми еугæнæн мадзал дæр, цæмæй сфæлдистади фæрци нæ дзиллитæ лимæндæрæй цæронцæ, кæрæдзей уарзонцæ æма кæрæдземæн фулдæр аргъ кæнонцæ. «Ирæф» æ нисанмæ гæсгæ дигорон журнал æй, фал парахатæй мухур кæнуй æ фæрстæбæл ирон литератури классикти уадзимистæ. Аци анзи цуппæрæймаг номери ба рауагътан 6 стъарапойлаг поэтей æмдзæвгитæ уруссагау. Е, ке зæгъун æй гъæуй, нæ синхонти хæццæ хæлар цардæн агъаз æй.
«Ирæф»-и редакци 27 анзей дæргъци маддæлон æвзагбæл мухури рауагъта сæдæ устур «киунугемæ» хæстæг. Уонæй ба кæцифæндий медæгæ дæр алли кæсæг дæр æхецæн иссердзæнæй цæмæдессаг æрмæг. Журнали фæрстæбæл мухургонд цæунцæ тæккæ хуæздæр уадзимистæ, абони нæмæ ци ес, уонæй.
Журнал арæзт цæуй авд сæйраг рубрикемæй: Поэзи æма прозæ, Драматурги, Адæмон исфæлдистадæ, Критикæ æма библиографи, Нæуæг тæлмацтæ, Сабийти дуйне, уæдта Публицистикæ. Хецæн номерти ма фæууй: Наукæ ‘ма цард, Нæ юбиляртæ, Кæсгути сфæлдистадæй, Нæ фиддæлти историйæй, Дуйней дессæгтæ æма тæмæссæгтæ æма æндæр уæхæн уæлæнхасæн хæйттæ.
Журнал фæлустгонд цæуй нæ республики зундгонддæр хузæгæнгути хузтæй æма арæхстгиндæр хузесгути хузиститæй.
«Ирæф»-и байаргъауæн ес дæснидæр тæлмацгæнгути тæлмацтæ нæ республики, Уæрæсей æма фæсарæйнаг устур финсгути уадзимистæ, публицистти уацтæ, цæмæдессагдæр архивон æрмæгутæ оригиналон документти хæццæ нæ адæми историйæй, агъазиау дигорон адæмон сфæлдистадæ æма цардæй.
Евгъуд æносæй райдайæ, æма нури уæнгæ дзæвгарæ къохфинститæ исæмбурд æй авторти хе сæрмагонд æма паддзахадон архивти, мухургонд ка не ‘рцудæй, уæхæнттæ. Сабургай сæ есгæ цæуæн æма сæ, цид, лæмбунæг æркасти фæсте, кæсгути рæнгъитæмæ хæсссæн. Уотемæй бал нури уæнгæ дуйней рохс фæууидтонцæ нæ курхон, не скурдиадгун финсгутæ, ахургæндтæ æма рохситаугути агъазиау, уæдта вазуггин куститæн сæ зингæдæр хай. Ка ма си байзадæй, уони дæр æртасдзинан æма дзиллæмæ хъæртун кæндзинан федæни рæстæги.
Адæми зæрдæмæ хъæбæр цæунцæ нæ рагфиддæлти цардиуаги хабæрттæ: аргъæуттæ æма æмбесæндтæ, бацеу-бацеутæ, рагон адæмон гъæзтитæ, дзиллон æгъдæуттæ, цийни хабæрттæ æма зин бони фæткитæ, кувдтитæ æма марди æгъдæуттæ, табедзитæ æма базургин уадзæндзурдтæ, æнæзонгæ дзурдтæ æма æндæр уæхæнттæ. Æцæгæйдæр, фольклорон æма наукон æрмæгутæ, уæдта нæ рохсаггаг финсгути сфæлдистадæ махæн устур агъаз æнцæ журнал фæммедесгундæр кæнунмæ.
Аййев литературæмæ ци хауй, уомæй «Ирæф» æнхæстæй бавдиста æма æвдесуй не ‘стур классикти исфæлдистадæ. Журнали фæрстæбæл хайгаййæй мухургонд æрцудæнцæ æма цæунцæ нæ рохсаггаг, дзенети бадуйнаг хестæрти фæллæнттæ.
Æрмæст, евгъуд нури дзаманæн кæд æ бундор æй, уæддæр абони «мæсуг» ба, цæветтонгæ, амайунцæ нуриккон адæм. Æма, журнал цæмæй цæрдхуздæр уа, уой туххæй си фулдæр гъæуй уодæгас автортæ, нæуæг скурдиадгин фæсевæди бауолæфт, æригон фæлтæри гъар коми тулфæ æма рæсог гъудитæ. Ес нæмæ нæуæг нæмттæ – Чегати Казбек, Гегкити Сослан, Миндзайти Валентинæ, Хайманти Антонинæ, Агъузарти Сæрмæт, се ‘гасей нæ нимайун. Хуцау зæгъæд, æма нæмæ рæхги рæстæги никкидæр берæ нæуæг, тухгин кæстæртæ куд фæззинна. Е ба уæд уодзæнæй, æма нин нæ дессаги рæсугъд маддæлон æвзаг мади фæлмæн армау нæ уодтæбæл æмбæлун ку райдайа, æнæ уомæй нæ нæ цард ку нæбал тава, къæбæр æма нæ цæнхæ куд гъæунцæ, уотæ гъæун нæ ку райдайа, уæд. Аци фарстатæмæ федæни рæстæги «Ирæф» æздахдзæнæй фулдæр æргом.
Нæ хъазар журналкæсгутæ, Дуйней Искæнæг уин райарфæ кæнæд æма дигорон азæлгæ Дзурди Фарнæй хайгин уотæ!
«Ирæф» нин идæрдтæмæ хъæртун кæнæд не скурдиадгун уадзимистæ æма нæ адæни хуарз хабæрттæ. Уæ цæститæй æй ку уарзайтæ, уæд цæрдзæнæй æма æ цуд не ‘рлæудзæнæй. Рæстæг мах нæ хезуй, ледзуй размæ æности æрфитæмæ. Гъæуй нæ цурддæр фезмæлун, е ба нин ести бантæса. Гъæуй нæ хъиамæт кæнун еумæ æма æнæзийнадæй:

Рæстæг мæйдармæ æ рохс бæнтти
Соруй, –
Ледзæн мах сæ фæдбæл.
Цард фæууорамæн тухрæуæнттæй,
Фал е бафтауй æ цудбæл…

Скъодтати Эльбрус

Обратная связь