2019-г æй юбилейон анз поэт, прозаик, тæлмацгæнæг, киунугæаразæг Къибирти Амурханæн.
Уой, уæдта æ дууæ киунугей («Мæ уодæнцойнæ – Дигоргом» (прозæ) æма «Кæрдæгхуз æстъалутæ» (поэзи)) рауагъди фæдбæл журнал «Ирæф» æма Цæгат Иристони Финсгути цæдеси хъæппæресæй дессаги поэтикон изæр арæзт æрцудæй нæ республики Националон наукон библиотеки.
Æ амонæг – поэт, журнал «Ирæф»-и сæйраг редактор, Уæрæсей Федераций Финсгути цæдеси секретарь, Скъодтати Эльбрус.
Райдæдта Амурхани æмдзæвгæй:
«Кауæ бидтон, тæх бидтон,
Мæ цъухæй фæндур цагътон.
Радæуидтон, фæууидтон,
Мæ косуйнаг фæууагътон», –
уæдта радзурдта юбиляри царди, сфæлдистади туххæй:
«Къибирти Амурхан райгурдæй Сурх-Дигори 1944 анзи. Педагогон институти филологон факультет каст фæцæй 1971 анзи, æма райдæдта косун æ райгурæн гъæуи скъолай уруссаг æвзаг æма литератури ахургæнæгæй. Уой фæсте куста Дигорай райони газет «Коммунист»-и, газет «Дигори» уацхæссæгæй, ЮНЕСКО-й кафедри редактор-тæлмацгæнæгæй.
Æ фиццаг æмдзæвгæ ниффинста, скъолай ма ку ахур кодта, уæд, æма гъе, уомæй дæр бæрæг адтæй е ‘скурдиадæ. Фиццаг хатт е ‘мдзæвгитæ мухургонд æрцудæнцæ журнал «Мах дуг»-и, уой фæсте – иннæ республикон газеттæ ‘ма журналти. Амурхани æмдзæвгитæ дууæ еумæйаг æмбурдгондемæ бацудæнцæ, уæдта ин рацудæй æхецæн цалдæр киунуги.
Куд киунугæаразæг, Амурхан бакуста цалдæр цæмæдессаг киунугебæл: Гурджибети Блашкай, Скъодтати Эльбруси хæццæ адтæй киунугæаразгутæй еу – «Нартæ», «Дигорон адæмон исфæлдистадæ»-н.
Истæлмац кодта Пушкини, Лермонтови, Тургеневи, Фети, Къибирти Тимури, Бёрнси, Хемингуэйи, Лопе де Вега æма берæ æндæрти уадзимистæ – поэзи, прозæ æма драматургий.
Е ‘сфæлдистадæй рахезгæй, уой зæгъун гъæуй, æма Амурхан æй хъæбæр хуарз ахургæнæг, хуарз хестæр, курхон лæг, кæстæртæн зунд амонæг».
«Мах Цæдесæн æ астæуккаг цæгиндзитæй еу æй Амурхан», – загъта Агънати Гæстæн, Цæгат Иристони Финсгути цæдеси сæрдар, Къостай номбæл Премий лауреат. Æримиста, пединститути еумæ куд ахур кодтонцæ, уой, уæдта ин æ фиццаг киунугæн рецензи Амурхан ке ниффинста, уой дæр.
Фидарати Юрий, Мухури гъуддæгти Комитети сæрдар: «Амурхани исфæлдистадæ, уадзимистæ парахатæй уадзун гъæуй царди, нæ кæстæртæмæ син фæндаг аразун».
Адæмон поэт Дзасохти Музафер Амурхани номæй раарфæ кодта, дигоронау ка финсуй, уонæн: «Дигорон æвзаги фæрци гъæздугдæр кæнуй мах, ирон, æвзаг дæр. Æнæ дигорон æвзагæй ирон æвзагæн дæр фæццæрæн нæййес. Етæ кæрæдзей гъæугæ кæнунцæ, куд цæргæси дууæ базури, уотæ. Æма мин хъæбæр æхцæуæн æй, абони дигорон æвзагбæл æцæг литературæ ке ес, е».
Хъамболти Тамерлан, ЮНЕСКО-й кафедри сæргълæууæг, академик, загъта, Амурхани хузæн рохсдæттæг, рохсзæрдæ адæймагбæл хъæбæр æнцон дзорæн æй, зæгъгæ. «Еу дæс анзей дæргъци еумæ фæккустан, алли хузи дигорон киунугутæбæл архайгæй, æма, куд адæймаг, уотæ дæр дæнцæн хæссуйнаг æй Амурхан».
Тъехти Тамерлан, Рауагъдадæ «Ир»-и сæйраг редактор: «Амурхани сфæлдистадæ хæстæг æй адæнмæ: медесæй – гъæздуг, адæни ка гъæуй, уæхæн æй. Гъе, уæхæн киунугутæ адæни зæрдитæмæ над ердзæнцæ».
Будайти Милуся, Цæгат Иристони Финсгути цæдеси Правлений иуонг, Амурхани киунугути редактор, загъта, æхецæн устур кадæбæл ке нимайуй уæхæн автори хæццæ куст, уой: «Тæнзæрдæ адæймаг, Дигорæ уарзæг, дессаги сорæттæ ‘ма цаутæбæл финсæг. Æ сорæттæ – гъæууон нивтæ, фæстугъди царди хабæрттæ æма берæ æндæртæ – зæрдæмæ гъарунцæ. Амурхани тæлмацти фæрци мæнмæ хуæздæр багъардтонцæ, хуæздæр балæдæрдтæн æндæр æвзæгтæбæл финст уадзимистæ дæр ма».
Хохойти Энвер, Иристони Финсгути цæдеси Правлений иуонг, загъта, сурх-дигойрæгтæ дæр, Финсгути Цæдеси дæр сæрустур ан Амурханæй, зæгъгæ.
Колити Витали, журнал «Ирæф»-и сæйраг редактори хуæдæййевæг, бакастæй Амурхани æмдзæвгæ «Кæмæндæр», æма æ арфитæй байгъæлдзæг кодта адæни: «Алкæддæр фур цийнæй куд кæуай, уæхæн амонд дæ уæд, Амурхан!».
Гетъоти Виктор, дохтур, поэт, радзурдта Амурхани æвзаги гъæздугдзийнади туххæй, æнæфæллайгæй косунгъон ке æй, адæмуарзон ке ‘й, æма адæмæн дæр – уарзон».
Мамукъати Казбек, поэт, радзурдта, æригонæй куд базонгæ ‘й Амурхани хæццæ, æма ин цæстуарзонæй, куд хестæр, уотæ æ зонундзийнæдтæ ке не ‘вгъау кодта. «Ка ‘й зонуй, Амурхани фæрци дæр ниффинстон еститæ», – загъта Казбек.
Амурхани хæццæ сæ еумæйаг кусти туххæй Гасинти Жорж загъта: «Уодæй кæдзос, цæстуарзон æдæймаг æй Амурхан. Е сфæлдистадæ ба – е скурдиадæн æвдесæн».
УФ Æскъуæлхт артист Сæбанти Тамерлан бакастæй Амурхани æмдзæвгитæ, Секъинати Альбинæ, Дигорон драмон театри артист Гобети Сослани зартæ дæр барæсугъд кодтонцæ и фембæлд, уæдта Амурхани ‘хеуæнттæ дæр раарфæ кодтонцæ юбилярæн: Хæдарцати Марат, 3-г къласи ахурдзау (Амурханæн æ кизги фурт) бакастæй æ бабай æмдзæвгæ, æ киндзæ ба – æ фæндурдзагъдæй.
Юбиляр æхуæдæг, уæдта хеуонти номæй Тагъати Еристау раарфæ кодтонцæ æрбацæуæг адæнæн.
Кæронбæттæнæн Скъодтати Эльбрус хатдзæг искодта: «Къибирти Якови фурт Амурхан бахаста хъæбæр устур зингæ æвæрæнтæ нæ республики адæни культурæмæ. Искодта си æхе бæстæ, æхе бунат, æхе хæдзарæ. Еци хæдзари рохс тавуй не ‘гасей зæрдитæ. Æй «æхехузæн», арфгъудигин, техникон æгъдауæй дæр – устур поэт. Амурхани скурдиадгун финсгутæ махæн æнцæ сугъзæрийни хузæн хъазар, мах нæ автортæн кæнæн устур аргъ, ан сæ фæрци нифсгундæр, разæнгард нæ кæнунцæ косунмæ ‘ма цæрунмæ. Нур ку нæ фæххуæцæн не ‘взаги фарстатæбæл, уæд нин исон зин уодзæй. Амурхани хузæнтти хæццæ нæ исон уодзæнæй зæрдæмæдзæугæ. Гъæйдæти, æ цæрæнбон нин берæ уæд, æма ма ин никки фулдæр бантæсæд».
перевести