перевести

Рауагъдадæ “Российский писатель”-и рацудæй Скъодтати Эльбруси киунугæ “Хруст снега”

Хъæбæр æхсицгон хабар нæ национ литературæ уарзгутæн: 2019 анзи цæппорсей мæйи Мæскуй рауагъдадæ «Российский писатель»-и мухургонд æрцудæй поэт, прозаик, драматург, журнал «Ирæф»-и сæйраг редактор Скъодтати Эльбруси уадзевдзити æмбурдгонд «Хруст снега» (дигорон æвзагæй уруссагмæ тæлмацгондæй); раздзурд ба ин ниффинста Уæрæсей Финсгути Цæдеси сæрдар Николай Иванов.
Е хъæбæр ахсгиаг гъудтаг æй, уомæн æма рагæй дæр Мæскуй рауагъдади нæ республики автортæн киунугæ уагъд нæбал æрцудæй.
УФ Фисгути Цæдеси автори хæццæ фембалдæнцæ Цæдеси разамонгутæ, Мæскуй нæ адæни æхсæнадон архайгутæ, исфæлдистадон косгутæ, поэзийæн аргъгæнгутæ.
Авторæн раарфæ кодтонцæ Уæрæсей Финсгути Цæдеси сæрдар Николай Иванов, Мæскуй нæ адæни æхсæнади хестæртæй еу Ходти Тамерлан, скульптор Соскъити Владимир, режиссер Сæлбити Аким, рауагъдадæ «Ир»-и сæргълæууæг Тæутиати Казбек ‘ма сæйраг редактор Тъехти Тамерлан.

Тъехти Тамерлани хузиститæ.

Редакци

Обратная связь