80 анзи исæнхæст æй Иристони адæмон поэт, литературон критик, тæлмацгæнæг, публицист, драматург, нæ республики гимни дзурдти автор, Къостай номбæл, уæдта национ премити лауреат, “Иристони Кадæн” майдани кавалер Ходи Камалбæл.
Арфæ ин кæнæн нæ журнали редакций номæй.
Нур ци номер цæттæ кæнæн (аци анзи – фиццаг), уоми бакæссинайтæ берæ цæмæдесаг æрмæгутæ: Камалæн æхе ‘мдзæвгитæ, уæдта е ‘мдогон зундгонд поэтти статьятæ Камалæн æхебæл.
Ацибон ВГТРК ГТРК «Аланий» Камали юбилейи фæдбæл «Аланийы райсом»-равдисти архайдта нæ сæйраг редактор Скъодтати Эльбрус.
Уæ хуарзæнхæй, бакæсетæ ймæ!
Газзет “Северная Осетия”-й ба рацудæй Скъодтати Эльбруси статья “Почерк большого Мастера”.
перевести