Пушкини райгурæн бонмæ мухур кæнæн нæ журналæй æрмæг.
I
Фарæ цæппорсей мæйи 3-аг æма 4-аг бæнтти Адæмон Еудзийнади бæрæгбони фæдбæл Дæллаг Новгороди (Нижний Новгород) конд æрцудæй Уæрæсей адæнти националон литературити Фестиваль. Программæ адтæй æртæ хаййемæй:
I. Литературон:
1. Сабийти программæ (сувæллæнтти литератури презентаци, авторти хæццæ фембæлдтитæ, сувæллæнтти националон фольклор).
2. Киунугути (киунугути презентаци, авторти хæццæ сфæлдистадон фембæлдтитæ).
3. Академион программæ (лекцитæ, мастер-класстæ).
II. Концерт Минин æма Пожарскийи Фæзи Устур сценæбæл. Бацæттæ’й кодтонцæ националон литературити мийнæвæрттæ (фольклорон, заргутæ, таурæхъгæнгутæ æма иннæ уæхæн къуæрттæ).
III. Театралонхузи æвæрд архайд гъæу Устур Болдино-й (Большое Болдино) Устур артдзæсти фалдзос.
Фестивальмæ хунд æрцудæнцæ Уæрæсей Федераций еугур регионтæй мийнæвæрттæ. Республикæ Цæгат Иристон-Аланийæй Дæллаг Новгородмæ æрвист æрцудан Финсгути цæдеси иуонг, литературон критик, филологион наукити кандидат Техти Тамерлани хæццæ дууемæй.
Мæскуй, аэропорт «Внуково»-й ку æрбадтæй нæ хуæдтæхæг, уæд сахатти фæсте рабадтан æндæри: Мæску – Дæллаг Новгород. Æрбунат кодтан Советон гъæунгæбæл «Маринс Парк Отель»-и æмбесæхсæви, æстæймаг уæладзуги. Такси-тæбæл косгутæ нин уой фæсте куд дзурдтонцæ, уомæ гæсгæ, аци отели, футболæй Дуйней чемпионати рæстæги, еу бон æма æхсæвæ иуазæгуати фæууни аргъ хъæрттæй 70 мин сомемæ, фал рæститæ дзурдта, æви мæнгæдтитæ, уой ба бæлвурдæй нæ зонун.
Сæумæ, бон куддæр ивайун байдæдта, уотæ фегъал дæн æма балкъонмæ рахизтæн, фалдзостæмæ, зæгъун, рафæлгæсон. Дессаги панорамæ байгон æй мæ цæстити размæ. Рахесæрдигæй – Уæрæсей устурдæр цæугæдæнттæй дууæ – Волгæ ’ма Ока кæми баеу унцæ, еци рауæн æ дессаги рæсугъддзийнадæй рæвдудта фæллад бæлццони сагъæсæйдзаг зæрдæ. Галеуæрдигæй ба, мах бунатмæ хæстæгдæри – Александр Невскийи Собор, минкъий уоддæр, изолдæри – Дуйней чемпионатмæ арæзт нæуæг стадион «Нижний Новгород», се ’хсæнти ба, куд фæууй, уотæ – аллихузон арæзтæдтæ, гъæунгтæ æма фæзтæ. Æдосæ, æнафони, ку ’рбунатон ан, уæд Тамерлани хæццæ, сахармæ ракæсæн, зæгъгæ, рацудан, æма талинги еу азгъунсти фарсбæл бакастан финст, цидæр лодкати кой си адтæй. Гиризгæнгæй ма уотæ дæр бакодтан, ами сор зæнхæбæл цæунцæ и лодкатæ дæр. Устур цæугæдæнттæ нæмæ нæ зиндтæнцæ. Æма нур, æхсæйвон тари пæлæз фæззигон сæуæхседт ку исиста, уæд нæмæ аййевæй разиндтæнцæ, денгизау ка райтигъдæй дууæ доней баеуи бунати, уоми айдагъ минкъий цолахътæ нæ, фал ма æнæгъæнæ берæуæладзугон хæдзæртти асæ наутæ дæр. Берæ рауæнти фæууй адæймаг, алкæми дæр æхехузи цæмæдессаг æй, фал ауæхæн рæсугъддзийнадæбæл ба æз, сæттун, некæдма исæмбалдтæн. Рагон адæми, æвæдзи, сæ зин царди уавæртæмæ гæсгæ фулдæр гъуди кæнун гъудæй æма сæ сæртæ хуæздæр кустонцæ, æндæра, æнай-æнойти ба цæрæнуатæн ауæхæн изæдтон бунæттæ нæ равзурстайуонцæ. Дæллаг Новгород æй минанзонмæ хæстæг сахар уæдта Устур Уæрæсей æнæкæрон зæнхити аййевдæр рауæнтæй еуебæл æвард.
Сæумæй, сехуари фæсте, бабæй сахармæ рацудан разелæнтæ кæнунмæ, еститæ фæууинунмæ, æма еу дууæ сахатти, уæдта ранæхстæр ан дууæ егъау автобусебæл гъæу Большое Болдиномæ. Фæццудан фондз сахаттей бæрцæ. Банæхудтонцæ Пушкинти муггагон именитæмæ, нуртæккæ паддзахадон музей-заподвеник иссæй. Адтан, Пушкин æ хуæздæр уадзимистæ кæми финста, раст тæккæ еци хæдзари. Кæддæр е адтæй æ фидæ Лев Александровичи. А. Пушкин ци хуссæнбæл хустæй, ци къæразæй кæсидæ æндæмæ, фалдзостæмæ, ци стъолбæл финста, ци къелабæл бадтæй, уонæбæл кæд æмбæлун нæ уагътонцæ, уæддæр сосæггай бамбæлдтитæ кæнианæ, æ къохфинститæ, æ конд хузтæ ма нурмæ дæр авгæмбæрзтæй лæуунцæ е стъæлттæбæл. Кæд си хузтæ есун не ’мбалдæй æргомæй, уæддæр си еуей-еуетæ фæкъкъиппитæ кæниуонцæ æрдæгсосæггайти, ’ма сæ музеййи косæг дæр куд не ’рæстæфтайдæ, фал син ци кодтайдæ æдта, æма æхе неци уинæг искодта. Фал æхе хузæ исесун ба уæддæр æгириддæр неке бауагъта, – «нельзя», зæгъгæ. Уæд дзоргæ ба ци дессаг дæсни кодта поэти туххæн, æ цъухæй ци сугъзæринттæ калдæй, æррæстæ имæ дæ гъæлæсæй дæр игъосæ. Цæйбæрцæ зудта, æнæ еу гæгъæдимæ æркæсгæй, зæрдаргъæвæй, æма æ гъудитæ куд дзæбæх баста кæрæдзей хæццæ! Уæхæн хуæрзцæттæ специалистбæл ку сæмбæлуй лæг, уæд æхебæл æрходуй: «Е дæр дин си сфæлдистадон архайæг æма мах дæр!»
И амонæг-силгоймаг нин берæ цæмæдессаг хабæрттæ дзурдта, фал еу уатмæ бахезгæй, еу стъоли сæргъи æрлæугæй ке загъта, уай ба мин æнææримисæн нæййес. Аци фингæбæл, зæгъуй, бояринтæ къарти гъазиуонцæ. Æма, дан еу бони сæри ба Александри фидæ Сергей Львович дууæ мини (кæд æй раст багъуди кодтон, уæд) сугъзæрийнæ æхцатæй фæххуæрди æй. Рабаруни туххæй, зæгъуй, уæди рæстæги еу æстор кодта æдеугурæй 6 сугъзæрийнæ соми.
Имений ма циуавæр азгъунститæ адтæй, уони туххæн лæмбунæгдæр фæстæдæр зæгъдзæнæн, фал цæмæдессаг æй е дæр, æма сæ еу хундтæй «прачечная», æма си кустонцæ 12 силгоймаги-зелæнгæнгутæ. Етæ, зæгъуй, хуæруйнаг дæр кодтонцæ, тунæ уфтонцæ, æма еци æрмæгæй уæледарæс дæр худтонцæ.
Адтæй си уруссаг бани (æртайæндонæ) дæр. Минкъий уоддæр ба лæууй бæхдонæ, бæхти бунæттæ æдуæрдунтæ (каретитæ) кæми дардтонцæ уæхæн гъай-гъай, æ фиццагон хузи æнхæст нæбал æй, фал æй уомæ æнгæс райаразтонцæ. Мадта и зæнхкосгутæн дæр дардтонцæ хецæн азгъунст. Уалæ уæллаг фæрси ба адтæй бояринти къанторæ, гулдзуг гъæдтæй арæзт, кусти унæфтæ кæми хастонцæ æма тæрхон кæми кодтонцæ фудгинтæн, уæхæн.
Цубур дзурдæй, уоми цидæриддæр ес, етæ еугурæй дæр адæймаги арф уæдта уæлион гъудитæбæл æфтаунцæ. Уруссаг уæдта дуйнеон литератури гениййи уодифарни тæвагæ имений алли къумæй, алли зайæгхалæ, алли къотæр, алли бæласи сифæй дæр гъардта лæги бауæрмæ, уæхæн æнахур тæмæссаг бунати бафтудан. Уоми ку адтæн, уæд, уоми ке адтæн, уомæ гæсгæ, минкъий ма, уæд мæхе дæр финсæг бангъæл адтайнæ, – мæ сæри уæхæн гъуди ратахтæй: «Аци бунæтти ка некæд адтæй, е æнхæст поэт нæма ’й», – зæгъгæ. Гъай-гъай, еци гъуди раст нæ ’й, уомæн æма берæ устур поэттæ еци зæнхитæ сæ цæстæй дæр некæд фæууидтонцæ, фал, гæнæн æма амал кæмæн фæууа нури доги, е ба ’йбæл некæд фæффæсмон кæндзæнæй. Сфæлдистадон архайдмæ барæ ка даруй, уонæн ами римæхст хæзнатæ æма сосæг нифсæвæрæнтæ ес. Цидæртæ рафинсун мæмæ бæргæ æрцудæй раст тæккæ еци дескæнуни усми, фал нæ бандиудтон, зæгъун, мæмæ Пушкини ахургонд тикис ескуцæй фæрсæрдигæй ку ’рбайгъоса, уæд мæбæл фæхходдзæнæй. Æма фæстæдæр, нæхемæ Дзæуæгигъæумæ ку сцудтæн, уæдта ин æ поэмæ «Руслан æма Людмилæ»-й ратæлмац кодтон скъуддзаг, хуннуй «Фиццаг зар»:
Денгизи атагъай – цъæх толдзæ;
Уобæл – сугъзæрæй бид рæхис:
Зелуй æд-æхсæвæ, æд-бонæ
Рæхисбæл ахургод тикис;
Аргъау дзоруй, цæугæй галеумæ,
Рахесмæ – заруй гъур-гъурæй.
Уоми доникизгæ- къалеубæл,
Лæгсирд хæтуй си губурæй.
Уоми æвецуг къахнæдтæбæл
Æнахур сирдти фæдтæ – тар,
Лæууй си къæс карки къæхтæбæл,
Нæ ’йбæл къæразæ, нæ ба – дуар;
Уоми гъæдтæ сæнттæй тæлфунцæ;
Сæумæй уолæнтæ ракæлунцæ,
Ревæд, æзмесгун æй билгон.
Æртин тугъдони исзиннунцæ,
Донæй фæд-фæди рацæунцæ,
Се ’хсæн – сæ уоли денгизон.
Уоми паддзахи зæрди ехтæ
Къароли фурт фæлмæн кæнуй.
Дзиллæ ’й уинуй, – куд давуй мегъти,
Гъæдтæ, дæнтти сæрти хæсгæй,
Æвдеу хъайтари æдæрсгæй.
Уоми уæрми тухсуй æхсийнæ,
Æрмæст бор берæгъ ма ’й æ цийнæ;
Уоми Бабæ-Ягай фудкъуар
Цæгъдуй сæнттæ, кæнуй кудт-зар;
Паддзах-Кащей тайуй е ’хцабæл;
Уруссаг уод, Уруси адæ!
Æз си адтæн, цумдтон си муд;
Денгизбилгон уидтон цъæх толдзæ,
Уой бун дзурдта мин, ходæзмолгæ,
Тикис й’ аргъæуттæ – ци ’ма куд.
Сæ еу дессагдæр æй иннетæй,
Кæнун еци аргъау дуйнетæн…
Изæрмелтæ ку кодта, уæд нæ зæрди арф æнкъарæнтæй æфсесæй ракодтонцæ Устур Болдиной гъæугæрон будурмæ, раздæр, зæгъуй, ами минкъий аэропорт адтæй. Хæрдмæ хъелæй дзиуарсар, кæрæдзебæл къолæгонд ивæрдтитæй хизтонцæ се ’сасодзуни усмæ даргъ бæхъитæ, къалеутæ æма согтæ. Æ фалæмбулæйтæ ку бамбурдтæ ан, Уæрæсей алли къуми мийнæвæрттæ, уæд и рæсугъд цурхт согтæбæл цалдæр æрдигæй бандзарстонцæ зелæнгæнгутæ, æма и будур «лимæндзийнади æртæй» изæлттæбæл ниррохс æй.
Архайд, ку райдæдта, уæд итигъд будури фæззигон уазал, гъиггаг думгæ дæр, цума, поэзий федог адтæй, уоййау артбæл бауолæн кæнидæ æма сурхзинг æскъæрнæгутæ уæлдæфи кафтонцæ, зелдогъ кодтонцæ. Аллихузи адæнихæттити алли хузи зартæ игъустæй æма лæг, раст цума, æцæг аргъауи архайæг иссæй, уой хузи æнкъардта æхе. Æцæгæй дæр, ци хъаурæгин æй уруссаг æвзаг, Пушкини хузæн лæгтæ ка равардта дуйнейæн æма мæнæ нур ба, иннæ адæни æвзæгтæ дæр ка æрæмбурд кодта еумæ, кæрæдземæн сæ ка лæдæрун кæнуй.
Микрофонæй игъустæнцæ æмдзæвгитæ уруссаг, алтайаг, авайраг, цæцæйнаг, кæсгон, бурятаг, марийаг, тæтæйраг, саамскаг, æссон, чувашаг, нанайаг æма берæ æндæр æвзæгтæбæл, сæ еугурей ка фæннимайдзæнæй. Æз дæр, Пушкини изæдтон сфæлдистадон бунæтти бакастæн æмдзæвгæ кæдзос дигоронау, æма уомæй мæхецæй хъæбæр фæббоз дæн, кæд е мæн фæрци н’адтæй, фал Фестиваль исаразгути, уæддæр. Сомигъон уодзинан, устур гениййи зæнхæбæл дæр кæддæр дигорон дзурд райгъустæй. Уогæ, мах, æвæдзи, фиццæгтæй нæ ан, ами дигорæнттæ дæр рагæй цæруй.
Аллихузи адæмон миутæ си æвдистонцæ фестивали мийнæвæрттæ, сауæнгæ ма шаманти номертæ дæр фæууидтан сæ националон уæледарæси фæлустæй. Еу æригон гурведауцæ силгоймаги хъурбæл ба ауигъд адтæй фæрдгутæ æстгутæй конд. Æндæр силгоймаг æй ку рафарста, атæ дин цæй æстгутæй конд æнцæ, зæгъгæ, уæд ин, зин зæгъæн ка æй, уæхæн дзуапп равардта, уæдта ма ’йбæл бафтудта: атæ мæмæ, зæгъуй, мæ фиддæлтæй æрхаудтæнцæ, æма, дан, мин мæ царди медæгæ хъæбæр агъаз кæнунцæ. И уосæ си уой куддæр райгъуста, уотæ æ сæрбæл дууæ къохемæй фæххуæстæй æма Тамерлан ’ма мæн размæ æрбауадæй, уæртæ, зæгъгæ, е æцæг хингæнæг æй, хъæбæр тæссаг æй ’ма си уæхе еуварс даретæ. Раст еци усми ба и «кæлæнтæгæнæги» хузи фæлуст силæстæг æртбæл листæг цидæртæ æ къохидзаг басæххæт кодта, фæппæрттитæ кодтонцæ ’ма хулуй согбæл бандзарæгау сæ цъис-цъис исцудæй. Ци уосæ таси бацудæй, уой æрæллау кодтан, е æ «номер» уæхæн æй, ма си тæрсæ, зæгъгæ.
Арти фалдзос равдист радаргъ æй, уазал дунгитæ дæр фæккарздæр æнцæ æма фестивали архайгутæ сæ медбунати кинзелæ кæнун байдæдтонцæ, цæмæй сæ бауæр æмхузæн гъаргонд цæуа аллирдиги дæр. Уой нимайгæй, Фестивали разамонгутæ фæккæрон кодтонцæ æма минкъий дæлдæр, цидæр кустуати азгъунсти цъеуæхсæвæрой – тæвдæ цайтæ, къофитæ, урдугæй рарос кæнунæй – стъæлфæ ниввардтонцæ нæ цæмæдессаг æмбурдæн. Уой адæбæл фæстæмæ нæ бунатмæ – отельмæ ранæхстæр ан æма фæсæмбесæхсæвæ бахъæрттан.
Цурд нæбæл расæумæ ’й, уомæн æма 3-4 сахаттемæй фулдæр рæстæг лæвæрд нин н’адтæй хуссунмæ.
Цæппорсей мæйи 4-аг бони сæуми 10 сахаттебæл нæ къуари балæуун кодтонцæ Дæллаг Новгороди устур ярмарки националон литературити фæзуати. Куд æдоси ’йзæр, уотæ абони дæр ами дзурд игъустæй алли æвзæгутæбæл, фал фулдæр ба – уруссагау. Мах дæр искодтан фæйнæ доклади: Техи фурт Къостай «еу æмдзæвги киунугæбæл» (еци киунугæ арæзт æй е ’мдзæвгæ «Ныстуан»-и тæлмацтæй сæдæ æвзагемæ хæстæг), æз ба – Цæгат Иристон-Аланий литературон-аййевадон журналти туххæй. Ку фæууæгъдæ ан еци гъудтæгтæй, уæдта концертмæ дæр нæбал ниллæудтан, фал нæхе ратилеф кодтан, аци рагон горæтмæ лæмбунæгдæр æркæститæ кæнæн, еститæ си фæууинæн, цалинмæ ма нин гæнæн ес, уæдмæ, зæгъгæ. Фестæгæй æрхæтун исунафæ кодтан æма «Канавинский мост» ке хонунцæ, уобæл бацудан, дæргъæй-дæргъæмæ æнæгъæнæ километр. Бон уазал адтæй, метфæлдзæгъдæн кодта, цъæхснаг цæгаттаг дунгæ ба и тъæфилтæ не ’фцæкъуати тъунста ма нæ цæститæбæл хуаста. Дæлæ, дæлйау кæцæйдæр ба Волгæ ’ма Окай уомæлдзийнадæ дæр ехæнрезæ кæнун кодта бауæр. Фалæ иннердигæй ба егъау цæугæдæнтти сабур цуд æллау кодта адæймаги уод. Уæд донæй хуæздæр, донæй дессагдæр ма ци уа а дуйнебæл! Дзæгъæли нæ загъдæуй, цард донæй цæуй, зæгъгæ. Хедбæл бацæугæй, уæлæмæ, фахсбæл арæзт бæрзонд къæпхæнтæбæл исхизтан, «зæронд горæт» ке хонунцæ, Дæллаг Новгороди еци хаймæ æма берæ фæззилдан æ гъæунгти, фæккæститæ кодтæн аййев архитектурон азгъунститæмæ, тукæнттæ ’ма æндæр уæхæнттæмæ. Фæддес кодтан, ци хуарз, хæларзæрдæ, рохсцæсгон, идзулд адæн цæруй, зæгъгæ, аци горæти. Раст, цума, нæхемæ Дзæуæгигъæуи нæ хуарз зонгитæбæл фембæлианæ, уæхæн цæстæй нæмæ ракæсиуонцæ, етæбæл ке рафæрсианæ, етæ сæ еугур дæр. Æма иуазæги ба хуæздæр хуарз ци гъæуй, фусуни гъар цæстингас ибæл ку сæмбæла, уомæй!..
II
Нур ба лæмбунæгдæрæй æрдзорæн Пушкини музей-заповедникбæл.
Уæрæсей медæгæ, Пушкини ном имисæн берæ бунæтти астæу, ахсгиагдæртæй еуебæл нимад æй Болдино – рагон уруссаг гъæу Нижегородскаг бæстихаййи.
Сауæнгæ XVI-аг æноси кæронæй XVII-аг æноси райдайæнти рæстæги уой устур поэти фиддæлтæн балæвар кодта паддзахадæ Фидибæсти сæрбæлтау се скъуæлхдзийнадæ æма уонæхсари туххæй. Болдино адтæй пушкинти мугкаги бæрнæхсти æртæ æносей дæргъци. Александрæн е адтæй æ фиддæлти зæнхæ, æ мугкаги историй изæддон бунат.
Поэтæн æхе фæрци ба Болдино иссæй æгас Уæрæсей националон культурон хæзнадонæ. 1830-аг æнзти финст Пушкини уадзимисти фулдæр хай ами райгурдæй. Еци рæстæг поэтæн е сфæлдистадон скурдиадæ бацудæй æ тæккæ тухи. Ами æрцудæй «Болдини фæззæги» дессаг – е адтæй, рабарæн ке нецæй хæццæ ес, уæхæн уодифарни истахт: 1830-аг анзи æртæ фæззигон мæйей дæргъци поэти финсæн сеси бунæй рацудæй аллихузи жанртæй финст 50 уадзимисей бæрцæ.
Æдеугурæй ба Нижегородаг губерний Болдини гъæуи Александр Сергейи фурт Пушкин фæцæй æртæ хатти: 1830-аг, 1833-аг æма 1834-аг æнзти. Æма алли хатт дæр е ’рцуд æрæййафидæ æ уарзон фæззигон анзи афонæ.
Поэти фиццаг æрцуд баст адтæй, Н. Н. Гончарова ’й ракоруни агъонмæ. Еци рæстæги Болдинскаг имений хецау, æ фидæ Сергей Львович радех кодта Александрæн 200 «крепостной уоди» Болдини рæбуни минкъий гъæу Кистеневи. Пушкини гъудæй гæгъæдитæй ниффедар кæнун æ бартæ еци «лæварбæл», банкки сæ байвæрун æма, еци байвæд, æхца райсун киндзæхсæвæри фагæ.
Сухи мæйи фæстаг бони Мæскуйæй Болдиномæ ку ранæхстæр æй поэт, уæд æ зæрди адтæй еу мæйæ фæуун еци гъæуи. Фал æвеппайди еминæ ке исагъудæй, уомæ гæсгæ ин Гæуæргобай мæйи кæронмæ изайгæ рауадæй Нижегородаг зинфадуат цæрæнти.
Устур дессаг æй, фал цæветтонгæ еци тæссаг, тухст фæззæги æрæййафта поэти, æ царди медæгæ тæккæ бæрзонддæр сфæлдистадон исирæзт. 1930-аг анзи «Болдинскаг фæззæги» финст æрцудæнцæ «Маленькие трагедии», «Повести Белкина», «Сказка о попе и о работнике его Балде», «Домик в Коломне». Геуæд Болдини Пушкин ниффинста æ берæанзон хъйамæт – æмдзæвгитæй æрæзт роман «Евгений Онегин»-и фæстаг сæртæ. Ами рохс фæууидтонцæ еу дæс æма инсæй æмдзæвги. Уони астæу адтæй Пушкини лирики шедевртæ «Элегия» («Бездумных лет угасшее веселье…»), «Бесы», «Прощанье», «Для берегов отчизны дальной…».
Дуккаг хатт Пушкин Болдини адтæй 1933-аг анзи фæззæги, Урал æма Поволжий Пугачеви бунæттæбæл æ балци ку фæцæй, уæд. Е куста «История Пугачева»-бæл, æма æ зæрди адтæй уой кæронмæ рахъæртун кæнун ами. Уомæй фæстæмæ ба ма ’ймæ бамбурд æй берæ сфæлдистадон фæндитæ, æма æ фиддæлти гъæумæ хæлæф кодта, куд æ косæн бунатмæ, уотæ. Сауæнгæ ма фæндагæй Пушкин финста æ бийнойнаг Наталья Николаевнамæ: «Фунæй кæнун æма уинун Болдиномæ бахъæртун æма уоми хебæл дуæрттæ исæхгæнун».
Еци æрцуди «Истории Пугачева»-й уæлæнхасæн ма ами финст æрцудæнцæ поэмитæ «Медный всадник», «Анжело», «Сказка о мертвой царевне и о семи богатырях», «Сказка о рыбаке и рыбке», æмдзæвгæ «Осень» («Октябрь уж наступил…»). Ами куст цудæй «Песня западных славян»-бæл, уацау «Пиковая дама», А. Мицкевичи балладити тæлмацтæбæл.
Болдини поэт фæлдиста æ уадзимистæ бустæги зæрдæрохсæй. Æвæдзи, уомæн æнхус кодтонцæ æрдзæмæ хæстæгдзийнадæ дæр æма, хъоргæнæг æй уоййасæбæл ке н’адтæй, е дæр.
Сауæнгæ ма æ фиццаг æрцуди, рухæни мæйи 1830-аг анзи, е Болдинойæй финста е ’мбал П. А. Плетневмæ: «Ах, мой милый! Что за прелесть здешняя деревня! вообрази: степь да степь: соседей ни души, езди верхом сколько душе угодно, пиши дома сколько вздумается, никто не помешает. Уж я тебе наготовлю всячины, и прозы и стихов…»
Поэти цардиуагæ Болдиной куд адтæй, уомæн хъæбæр минкъий æвдесæндартæ байзадæй. Фал æхе къохæй финст финстæгутæ ба еци хъортæ æнхæст кæнунцæ. Уотæ, æ еу финстæги фæззæги 1933 анзи Пушкин дзоруй æ уосæн, бони дæргъци ци фæййархайуй, уой: «Ты спрашиваешь как я живу и похорошел ли я? Во-первых, отпустил я себе бороду, ус да борода – молодцу похвала, выйду на улицу, дядюшкой зовут. 2) просыпаюсь в семь часов, пью кофей и лежу до трех часов. Недавно расписался и написал пропасть. В три часа сажусь верхом, в пять в ванну и потом обедаю картофелем да грешневой кашей. До девяти часов – читаю. Вот тебе мой день, и все на одно лицо».
Пушкини Болдини царди еуæй-еу фæззелæнтæ ба базонæн ес æ ами финст уадзимистæй дæр. Хъæбæрдæр уонæмæ хаунцæ 1830-аг анзи финст æмдзæвгæ «Румяный критик мой», повесть «История села Горюхина» æма 1933-аг анзиккон æмдзæвгæ «Осень». Фæстаг хатт Пушкин Болдиномæ æрцудæй 1934-аг анзи.
Еци анз поэтæн адтæй æ лæгъуздæр æнзтæй еу. Æ карæмæ гæсгæ ин аккаг чин нæ равардтонцæ æма гъавта отставки рацæунмæ. Фæндæ ’й адтæй Петербургæй рандæун æма ескæми сабур гъæуи æрцæрун.
Æ еци дзамани финстæгутæ уобæл дзорæг æнцæ, ’ма Пушкини Болдиномæ дæр фæндæ адтæй раледзун æ бийнонти хæццæ. Фал поэтæн нæ бантæстæй æ гъуди исæнхæст кæнун.
1934-аг анзи фæззæги Пушкин Болдиной фæцæй æдеугурæй æртæ къуæрей. Еци рæстæги ами финст æрцудæй «Сказка о золотом петушке». Кай зонуй, æма Пушкин еци рæстæг куста «Капитанская дочка»-бæл, уæдта цæттæ кодта мухури рауадзунмæ, анзи размæ ами ци аргъæуттæ ниффинста, уони дæр. Болдини цæргæй, аци хатт ба поэт гъæуама æрхайдтайдæ хæдзаради гъуддæгтæбæл дæр. Е адтæй, æ фидæй имæ бонвуддæргæнгæ, ихæлгæ болдинаг бунтæ ку æрхаудтæй, уæхæн рæстæг. Æ еци уæлæнхасон ихæстæ поэтæн адтæнцæ уæлдай сæринезтæ, æма æ фиди хæдзарадæн унафæ кæнунæй æхе исуæгъдæ кодта 1935 анзи. Фал федæни æнзти дæр хъæбæр мæтæ кодта мугкаги циййеси хъисмæтбæл. Пушкин æндæрхузи, сæрмагонд цæстингасæй кастæй, уæхæн бæрзонд сфæлдистадон æнтæст кæми бавзурста, еци зæнхи къуммæ, еци хъазар бунатмæ.
Пушкин, Болдиномæ, цид, æрцæугæй, ци галауанти (усадьби) цæридæ, е нури дзамани æй Паддзахадон музей-заповедники центр.
Ами ес Пушкинти баринти хæдзари мемориалон азгъунст. 19-аг æноси 30-аг æнзтæй фæстæмæ си цидæртæ æндæрхузи райаразтонцæ, фал сæйраг уæттæ ба сæ фиццагон пълангондæй байзадæнцæ. Гъе, тæккæ еци уæтти финста поэт 1830 æма 1833 æнзти. Еци рæстæги е адтæй хæдзари еунæг цæрæг – æ фидæ Сергей Львович, мулкитæ ’ма зæнхити хецау, ами нæ цардæй. Æвæдзи, поэт дууæ уатемæй фулдæр нæ ахæста. Уонæй ба сæ еу адтæй æ косæн кабинет. Нури рæстæги æ косæн бунати уæдиккон уагæ нæуæгæй райаразтонцæ, 1930-аг анзи фæззæги Пушкин æхуæдæг ци хузæ искодта, уой бундорбæл. Еумæйагæй райсгæй, хæдзарæ-музеййи экспозици арæзт æй, «Пушкин Болдиной» ци рæстæг рарвиста 1830-аг æма 1833-аг æнзти, уой номбæл æма уой нимайгæй.
Вотчини къанторæ. Æ фæстаг æрцуди, 1934 анзи, хæдзарæ цалцæг кæнуни рæуонæмæ гæсгæ, Пушкин æрбунатон æй вотчини къантори уати. Нуртæккæ къанторæ æй усадьби парки цæгат-искæсæн æрдигæй къуми. Къантори гъæдæй конд азгъунст еу æма дууæ хатти нæ баййафта æййивдтитæ: райхалиуонцæ ’й, æндæр рауæнмæ ’й рахæссиуонцæ, уæддæр æ бундори гъæуайгонд æма реставрацигонд æрцудæй 1974 анзи. Вотчини къантори ес дууæ уати. Сæ еу æдтæй æхуæдæг и къанторæ, гъома, Сергей Львович Пушкини имений гъуддæгтæн унафæгæнæн. Æ имени ба адтæй егъау – поэти фидæбæл федаргонд адтæй дууæ мин адæймаги.
Къантори истонцæ хъалон (оброк), лæвардтонцæ дæлбарæ зæнхкосгутæн куст, тæрхон кодтонцæ фудгинтæн. Ами адтæй гъуддæгти унафгæри косæн бунат дæр. Иннæ уат ба адтæй 1834 анзи Пушкини рæстæгмæ цæрæнбунат.
Фæстаг рæстæги реставрацион æма, æ фиццагон хузæ цæмæй райса, уæхæн арæзтадон куститæ конд берæ æрцудæй баринти устур тургъи. Хецауи хæдзари уæлæнхасон азгъунститæ æгасæй нæ байзадæнцæ абоний бонтæмæ. Фал нури уæнгæ рахъæрттæнцæ хецæн документтæ – усадьби историон пълæнттæ, XIX-аг æноси хузиститæ. 1980-аг æнзти археологон искъæхтитæ цудæй еци рауæн. Уони хатдзæгтæй испайда киндæй, æма нæуæгæй арæзт æрцудæнцæ барскаг цæлгæнæн, æртайæн азгъунст, адæмдонæ, бæхдонæ, амбартæ.
Еци усадьби арæзтити байгом киндæй бунæттон зæнхкосгути цардиуагæбæл экспозицитæ æма равдиститæ.
Болдини усадьби парк нимад æй хъæбæр хъазар æрдзон циртдзæвæнбæл. Æ æййевдзийнадæ æма хехуз ландшафтæн æмбал нæййес. Æ планировкæ рæвдзæгонд æрцудæй 19-аг æноси 30-40-аг æнзти. Ами ма нур дæр цардæгас æнцæ поэти æмдогон бæлæстæ: 200 анземæй фулдæр кæбæл цæуй, уæхæн донæхсинцъæ æма толдзитæ. Сæйраг хæдзари дзатмай размæ ба ирæзуй сифгун бæласæ (лиственница). Рагон цæргути таурæхътæмæ гæсгæ, уой ниййаразта Пушкин æхуæдæг.
Усадьби композиций сæйраг бунат ахæссунцæ дууæ зæронд цади (хъуми). Аци бунæтти иуазгутæ фулдæр-фулдæр уарзунцæ уæллаг хъуми сæрмæ донхæссæни хузæн къæдзæ хед, æма дуккаг, дæллаг хъуми билæбæл уолæфæн нихæсбадæн, – «аргъæутти нихæсбадæн» дæр ма ’й фæххонунцæ. Изолдæр, усадьби хонсар-нигулæн хаййи фæууинун æнгъезуй гъæдин къела. Фиддæлтæ дзоргæ куд æрцудæнцæ, уомæ гæсгæ, поэт уобæл бадун берæ уарзта. Ардæмæ фæлæмбулайти рæсугъддзийнадæмæ фæлгæсунмæ арæх æрцæуидæ. Усадьбæмæ хæстæг ба нæуæгæй райаразтонцæ зæронд, рагон аргъауæндонæ – «Успения Божией Матери». Абоний бонтæмæ азгъунстæн æ фиццагон хузæй æрмæст æ кæцидæр хæйттæ байзадæнцæ.
Аргъауæндонæ арæзт æрцудæй 18-аг æноси 80-90-аг æнзти поэти фиди фидæ Лев Александрович Пушкини хъæппæресæй. Цæмæдессаг æй, поэти игурæн бони ке ’рцудæй аргъауæндонæ «рохсгонд» (освящение), е. Болдиной Успений аргъауæндонæ æй Уæрæсей медæгæ еунæг уæхæн культон циртдзæвæн, – Пушкинти рагон ахили историй хæццæ баст ка æй.
Аргъауæндонæ æма усадьби цори 19-аг æноси лæудтæнцæ саугинти хæдзæрттæ. Е хундтæй «попов порядок». Аргъауæндонæ æма «попов порядок»-и поэт уидта æ косæн уати къæразгæй. Æвæдзи, Пушкин уордигæй уидта, е ’мдзæвгæ «Румяный критик мой…»-йи ци æнкъард, зæрдресæн цаутæбæл финсуй, уони.
Уоми саугин Фиалковскийи нæуæгæй райарæзт хæдзари нур ес сувæллæнттæн литературон экспозици «В мире пушкинских сказок».
Музей-заповедникмæ айдагъ Пушкинти усадьбæ æма уой зæнхитæ нæ хаунцæ. Болдинæйæй минкъий изолдæр, гъæуæн æ хонсарварсæрдигæй ес заповедник Лучинник. Еци гъæди къох, таурæхътæмæ гæсгæ, адтæй Пушкини уарзондæр уолæфæн бунæттæй еу. Ами поэт арæх æрвиста æ рæстæг. Уæди рæстæгæй нури уæнгæ и гъæдикъохи сауæдонæ æ цæунæй нæма банцадæй. Алке дæр фæффæндуй уомæй е ’донуг ниссæттун. Гъæдикъохи туппургондбæл, бæрзæ бæлæсти астæу, ами арæзт æрцæуй Пушкини поэзий аллианзон бæрæгбæнттæ.
Изолдæр, Лучинникки фæсте, Болдинойæй аст километрей идæрдæн, æрæнцадæй гъæу Львовка, – кæддæр устур адтæй, фал си а-фæстаг рæстæги ба, зæгъун æнгъезуй, æма цæрæг нæбал байзадæй. Ами 19-аг æноси 50-аг æнзтæй нурмæ байзадæй барскаг усадьбæ парки æма минкъий дууæуæладзугон хæдзари хæццæ. Кæддæр етæ адтæнцæ поэти хестæр фурт Александр Александрович Пушкини. Нур ба Львовки усадьбæ хауй Пушкини заповедникмæ æма е уæдта гъæдикъох Лучинник бахаудтæнцæ экскурсион маршрутмæ.
Львовка. Аци гъæу æвæрд æй Лучинникæй изолдæр хонсарæрдæмæ. Ами байзадæй, Болдиной имени 1840-аг æнзти иурст ку цудæй æма Лучинник поэти сувæллæнттæн ку радех киндæй, уой фæсте арæзт усадьбæ. Наталья Николаевна Пушкинай унафæмæ гæсгæ, ами арæзт æрцудæй хæдзарæ æма парк. Фæстæдæр ардæмæ арæх æрцæуидæ хæдзарæ хецау Александр Александрович. Поэтæн æхе балцити рæстæги си усадьбæ нæма адтæй, фал и зæнхæ ба рагæй хаудтæй вотчини циййесмæ. Поэтæн аци аййев бунæттæ, æрдзи къумтæ хуæрз зонгæ адтæнцæ. Уæдæй нурмæ зæнхи ивæрцæ, æ ландшафт, зæгъун æнгъезуй, неци уоййасæбæл раййивта. Абони аци рауæнти иуазгутæмæ етæ кæсунцæ поэти уадзимисти уодæгас хузгæндтитау, – гъе, уойбæрцæбæл арф си ниххизтæй Пушкини дессаги уоди тæфагæ, – дзурдтæй зæгъæн кæмæн нæййес, уæхæн.
Львовки ма ес «Церковно-приходская школа». Е байзадæй 1904-аг анзæй, аразгæ ба ’й искодтонцæ поэти фурт А. А. Пушкини харзæй. 2008-аг анзи реставрацигонд æрцудæй. Раздæрау ин искодтонцæ æ фундамент, азгъунсти цокольмæ хауæг хай, æййивд æрцудæнцæ, пъура кæбæл фæххуæстæй, еци толдзæ бунгъæдтæ æма фæйнæгутæ. Архивон гæгъæдитæмæ гæсгæ нæуæгæй конд æрцудæй дзатма, æ рагон хузæмæ æнгæс. Дуæрттæ, къæрæзтæ, тугургъæдтæ, азгъунсти сæр æййивд æрцудæнцæ, рæбунтæ æма тургъитæ ба – аййевгонд æма рæсугъдгонд.
2009-аг æнзи скъола игонгонд æрцудæй ардæмæ æрцæугутæн. Ами æвдесунцæ, 20-аг æноси скъолай ци уавæр адтæй ,уой. Экспозицимæ гæсгæ ба иуазгути цæститæбæл рауайуй, аци скъолай ахурдзаутæ Пушкини сфæлдистади хæццæ куд зонгæ кодтонцæ, е.
Æрмæгутæ мухурмæ бацæттæ кодта
Скъодтати Эльбрус.