Кадæнгæгæнæг.
Райгурдæй 1882 анзи. Сувæллонæй бауарзта зарун, кафун, фæндурæй цæгъдун, хъæбæр исдæсни æй.
Арæх æй агурдтонцæ синхбæсти медæгæ, æндæр гъæути бæрæгбæнттæмæ.
Æ музыкалон исфæлдистади кодта адæни бæгъатæр фурттæбæл кадæнгитæ æма зартæ: «Мусакати Мустъафай», «Хъани фурт минкъий Гегкий», «Гъуцъунати авд æнсувæрей» æма берæ æндæр кадæнгитæ. Е ‘мбал Гусати Хатуй хæццæ исаразтонцæ зар, æ фидибæстæй Америкæмæ ци берæ фæсевæд цудæй æхца косунмæ, æма етæ ци зин уавæрти адтæнцæ, уобæл.
Слангерий берæ хæттити архайдта республики хехъæппæресадон аййевади æркастити, конкурсти. 1960-г анзи ба иссæй еугурцæдесон конкурси лауреат (Мæскуй).
Слангерийæн æ фурт Горга пластинкæбæл ниффинста æ фиди зартæ ‘ма кадæнгитæ.