Кадæнгæгæнæг. Мæхческæ.
МÆГУР ЛÆГ ÆМА УОСÆ
Цардæй мæгур лæг æма уосæ. Уонæн ба адтæй еунæг кизгæ. Мæгур лæг æ Хуцауи не ’ронх кодта ’ма ин кувта æдæхсæвæ-æдæбонæ. Еу хатт и кизгæ æма и уосæ загътонцæ лæгæн:
— Уæртæ Ирæфуордæг устур ковæвдонæ ку ес ’ма уордæмæ цæмæннæ цæуис?
Мæгур лæг бацудæй Ирæфбæл ’ма ин и цæугæдон æ къæхти бунтæ дæр нæ бацъифæ кодта. Бакувта уоми тæрегъæдгун адæмти цори æма æрбаздахтæй фæстæмæ æма ’й Ирæф æ уæлфæдтæмæ исцъифæ кодта. Уой фæсте дæр и лæг æ кувдбæл нæ фæлмæцтæй, алли сахат дæр æ Хуцауи не ’ронх кодта.
Еу хатт мæгур лæг, ковгæ куд кодта, уотæ ибæл æрцудæй арси хъæболæ æма ин загъта:
— Дæ кизгæ мин радтæ уосæн!
И лæг дæр, æнæ неци расагъæс кæнгæй, загъта, ра дин æй æтдзæнæн, зæгъгæ.
Изæрæй мæгур лæг æрбацудæй сæ хæдзарæмæ, къелабæл æрбадтæй æма къела æ буни цуппар цуппæрæнхаййи ниццæй. Æ уосæ имæ дзоруй:
— Ковунæй ку ’рбацæуис, уæд алли хатт дæр аци къелабæл ку фæббадис ’ма дин ку некæд басастæй, уæд ибæл абони ци ’рцудæй нæ къелабæл?
Лæг ба ин загъта:
— Тæрегъæдгун адæми астæу бакувтон æма уомæн уотæ ’й. Никки ба ма мæстгун дæн. Уæртæ мæбæл уоми еу арси хъæболæ æрцудæй ’ма мæ уотæ фарста, «дæ кизги мин уосæн нæ дæдтис, зæгъгæ. ’Ма ин æз дæр, æнæрасагъæс кæнгæй, дзурд бафæразтон, ратдзæнæн, зæгъгæ.
— Уобæл хъурмæ ма кæнæ,— загъта ин кизгæ. — Мæнæн Хуцау ке загъта, уобæл исæмбæлдзæнæн.
Æртиккаг бон сæмæ арси хъæболæ æрцудæй æма ин сæ кизги равардтонцæ. Арси хъæболæ син бафæдзахста:
— Афæй раздæр æй ма бабæрæг кæнæ!
Æхуæдæг ба æндæгъæу куддæр фæцæй, уотæ и кизги къохти кохмæрзæн фестун кодта æма ’й æ дзиппи рацавта.
Афæййи фæсте мæгур лæг цудæй æ кизгæ уинунмæ æма надбæл фæууидта: еу лæг уаргъ искæнидæ, ис ибæл хуæцидæ æма ’й ку нæ исфæразидæ, уæдта ’й ниввæридæ æма ибæл нæуæгæй цурхунтæ байдаидæ, фæразгæ ба ’й нæ кодта, уотемæй ба.
— А хуарз нæ ’й, — загъта мæгур лæг æма ’й куд нæ уидтайдæ, уотемæй æ фæрсти исцудæй.
Цæуй æма æ рази фæцæй еу лæг. Е ба сæдæ фуси еу уæрмæ рауадзидæ æма æгас дзогæ еунæг уæр не ’фсаста.
— А дæр хуарз нæ ’й, — загъта æма уомæй дæр еувæрсти исцудæй мæгур лæг.
Уæлдæр исцудæй ’ма дин уоми ба дуйней адæм цъина искæниуонцæ ’ма син æ астæуæй исцирен кæнидæ.
Мæгур лæг уонæмæ дæр нæ ракастæй, еувæрсти си раевгъудæй.
Уалинмæ арси хъæболæмæ исхъæрттæй ’ма дин е ба лæг уæхæн адтæй æма медаварæй æндæмæ уаз лæвардта. Мæгур лæг бацудæй медавармæ ’ма ибæл ниццийнæ ’й и хуарз лæг (арси хъæболæ) ’ма ’й рарвиста еу биццеуи хæццæ æ хæдзарæмæ, сæ фæсте ба æхуæдæг дæр исцудæй ’ма ин загъта:
— Æз дæу кизгæ уомæн ракурдтон æма ду Хуцауæн æцæг дæ.
Уæдта хуарз лæг фарста мæгур лæги, надбæл еци адæмти фæууидтай, зæгъгæ. Е дæр ин загъта:
— Фæууидтон.
— Мадта соги уаргъ ка нæ фæразуй, уотемæй ба ма ибæл цурхгæ ка кæнуй, е соггорæн сог нæ лæвардта; æ сæдæ фуси еунæг уæр кæмæн не ’фсастонцæ, е ба гæртанхуар лæг æй. Сæдæ фусей æхсир уæрæн куд неци агъаз æй, гæртан дæр — уотæ: сæдæ хæдзаремæй ку райсай, уæддæр ибæл нæ бедуй. Сæ цъина кæмæн исцæфсидæ, етæ ба бæрæгбони косгутæ ’нцæ.
Мæгур лæг фæццийнæ кодта, уæдта фæстæмæ раздахтæй æ хæдзарæмæ.