Кадæнгæгæнæг. Киристонгъæу.
Æ кадæнгитæ ин финстонцæ Туйгъанти Мухарбег æма Дзагурти Губади.
Райгурдæй Уæллагири коми Мизури (еу 1850-1860-г) анзи. Сувæллонæй седзæрæй байзадæй, гъомбæл кодта æ мади æнсувæрмæ Киристонгъæуи.
Минкъий сувæллонæй бауарзта кадæнгитæ. 7-анздзудæй ба дзиуарæй фæссæйгæ ‘й æма цæститæй нæбал уидта, æма ‘й æ ниййергутæ ахур кæнунмæ равардтонцæ зундгонд кадæнгæгæнгутæмæ.
Дзæрæх æ ахургæнгутæбæл нимадта стурдигойраг Гобети Бадей, уорсдойнаг Лолати Сослани. Æ ацъагъуæбæл куста, 1884 анзи фæццудæй Уорстуалгоми Рук гъæумæ еци рæстæги зундгонд кадæнгæгæнæг, сæдæ анземæй фулдæр кæбæл цудæй, уæхæн, Томайти Бибомæ.
Дзагурти Губади Дзæрæхæй ниффинста 1909-, 1910-, 1916-г æнзти еу дæс æма инсæй уадзимиси адæмон исфæлдистадæй, уонæй ба дууадæс – нарти кадæнгитæ.
Туйгъанти Махарбег ниффинста Дзæрæхæй адæмон историон зар «Задæлески Нана».
Адтæй ин ахургæнуйнæгтæ, фæдонтæ дæр, етæ дæр цæстæй ка нæ уидта, уæхæнттæ, уонæй сæ еу – Секъинати Нæуæг.