II Æхсæнадæмон наукон-практикон конференци «Цæгат æма Хонсар Иристони медиа-итигъдади архитектоника»

Дзæуæгигъæуи раевгъудæй II Æхсæнадæмон наукон-практикон конференци «Цæгат æма Хонсар Иристони медиа-итигъдади архитектоника». Архайдтонцæ си Хонсар Иристон æма Кæсæг-Балхъари делегацитæ, уæдта нæ республики хецауади, дзиллон информацион мадзæлтти, наукон æма уæлдæр ахуради мийнæвæрттæ.
Дзубанди цудæй ахсгиаг фарстатæбæл: информацион куст пандемийи рæстæги; журналистти архайд, сæ бæрнондзийнадæ, ацибони царди хабæрттæ куд æвдесунцæ; æхсæнадон хизæгти архайд æма æнд.
Конференций фæсте Цæгат æма Хонсар Иристони дзиллон информаций мадзæлтти косгутæ исаразтонцæ футболæй матч. Рамулдта мах республики командæ.

Обратная связь