Мемориалон фæйнæг Кодзати Æхсарæн байгон æй Дзæуæгигъæуи

Дзæуæгигъæуи байгон æй мемориалон фæйнæг Кодзати Æхсарæн. Сагъд æрцудæй, ци хæдзари цардæй, уой фарсбæл.
Кодзати Æхсар æй ирон литератури классик, адæмон поэт, прозаик, тæлмацгæнæг. Берæ æнзи куста журнал «Мах Дуг»-и сæйраг редакторæй (1978-2018).
Æхсар адтæй, дигорон æвзагбæл литературон журнал цæун райдайа, уобæл ка архайдта, æ фарс ка фæллæудтæй, уæдта активондæр автортæй еу.
Мадзали архайдтонцæ мах журнали косгутæ дæр.


Обратная связь