Журнал “Ирæф”-и поэтикон фембæлдтитæ

Поэтикон изæр раевгъудæй Дзæуæгигъæуи Централон библиотеки. Исаразта æй журнал «Ирæф»-и редакци. Æрæмбурд æнцæ журнали автортæ, уæдта иуазгутæ: æмкосгутæ иннæ журналтæй («Ногдзау», «Мах дуг»), сфæлдистадон косгутæ, кæсгутæ, поэзи уарзгутæ.
Классикти (Багъæрати Созури, Малити Геуæргий, Малити Васой), æма нæ æмдогон хестæр ‘ма кæстæр авторти, уæдта сæхеуонтæ бакастæнцæ Гетъоти Виктор, Лолати Батраз, Къибирти Амурхан, Скъодтати Эльбрус, Колити Витали, Хохойти Энвер, Езети Марклен, Цхурбати Сергей, Гегкити Сослан, Басити Залинæ, Касати Аслæнбек, Секъинати Майя, Барахъти Хетæг, Миндзайти Валентинæ.
Фембæлди амонæг – библиотеки хаййади сæргълæууæг Дзугати Риммæ.
Финсгутæн раарфæ кодтонцæ хузæгæнæг, скульптор Дзбойти Михал, уæдта Сæбанти Козеттæ. Козеттæ берæ æнзти дæргъци цæруй æ райгурæн бæстæй идард, фал устур аргъ кæнуй æ мадæлон æвзагæн, финсуй сувæллæнттæн æмдзæвгитæ дигорон, уруссаг, англиссаг æвзæгтæбæл, киунугæ дæр рауагъта.
Кæронбæттæнæн журнали сæйраг редактор Скъодтати Эльбрус зæрдæ байвардта, идарддæр дæр уæхæн поэтикон изæртæ ке араздзæй редакци, уомæй, уæдта ма бакастæй Багъæрати Созури гениалон уадзевдзæ.

ТОХ
Æваст æрбадумдта Бестауи хуæнхтæй,
сау гъæдæн фехалдæй æ сабур цард.
Ралигъдæнцæ сирдтæ сæ гъар хуссæнтæй,
рацæнцæ гъæдæмæ хъæбæр идард.
Тохæй ка нæ тæрсуй, ка нæ ниррездзæй?
Бæлæстæн сæ зæнгтæ ниррезунцæ,
сæ сæртæ сæттунцæ кæрæдзей цæфтæй.
Астъæнттæй цæргæстæ æсхъеунцæ.
Сах-уарун фелвæстæй æ дунги фæдбæл,
Рахснадта бæлæстæн сæ цæф цъæрттæ.
Уарундон райвулдæй Орс-дони комбæл,
ласуй сæ урдугмæ æд уедæгтæ.

Обратная связь