Журнал «Ирæф»-и сæйраг редактор Скъодтати Эльбрус, æ хуæдæййевæг Колити Витали æма автортæ Къибирти Амурхан, Хохойти Энвер, Будайти Милуся, Хугати Сергей, Цомартати Изæдбек, Тъехти Тамерлан, Хозити Барис æма инн. баархайдтонцæ Уæрæсей Финсгути Цæдеси Цæгат Иристони хайади еумæйаг æмбурди кусти.
Финсгути Цæдеси грамотитæ радтун, организаций Устави фæдбæл унаффæ рахæссун, Цæдесмæ нæуæг иуæнгтæ райсун – етæ æма ма æндæр фарстати фæдбæл адтæй æмбурд.
Нæуæг билеттæ равардтонцæ æрæги ке райстонцæ Цæдесмæ, еци финсгутæн: Къадзати Станислав æма Басити Залинæн.
Цæдеси сæрдар, Æгънати Гæстæн, раарфæ кодта, æма грамотитæ равардта газет «Рæстдзинад»-и редакцийæн – лæмбунæг ке финсунцæ Цæдеси хабæрттæбæл, уой туххæй, уæдта библиотекити сæргълæугутæн – сæ агъазиау æнхуси фæдбæл: Дзæуæгигъæуи Библиотекити централизацигонд системи хе бæстæзонунади хайади сæргълæууæг Дзугати Риммæн, Республикон наукон библиотеки сæргълæууæг Хайманти Иринæ æма æ хуæдæййевæг Биботи Иринæн, Республикон фæсевæди библиотеки сæргълæууæг Царахати Ритæн.
Иннæ фарста – организаций Устави фæдбæл баунаффæ кæнун, æййивддзийнæдтæ имæ бахæссун, æма ‘й ниффедар кæнун (Уæрæсей Федераций закъонти æвæрдмæ гæсгæ). Фарстабæл радзурдта Касати Батраз.
Идарддæр – Цæдесмæ нæуæг иуæнгти есуни фарста (уой агъоммæ Цæдеси Правлений федаргонд æрцудæнцæ сæ кандидатуритæ).
Скъодтати Эльбрус загъта, Цæдеси рæстæмбес карæ фæмминкъийдæр кæнун ке гъæуй, уой, æма радзурдта, сосæг гъæлæсмæ ке нæмттæ рахæссун гъæуй, уонæбæл:
«Габолати Заурбек. 1989 анзи райгурдæй, æригон, зундгин, искурдиадæгин. Экономикон факультет фæцæй. Хуарз æмдзæвгитæ, хъæбæр хуарз техникæ. Æхебæл ку коса, уæд си æцæг финсæг рауайдзæй. Дууæ премий лауреат æй – «Борæмæлгъæ» (Мæскуй Хонсар Иристони Минæвайради арæзт) æма Хъамбердиати Мисости номбæл Преми. Киунугæ «Мæ цæстæнгас»-и автор. Мухургонд цудæй Цæгат æма Хонсар Иристони газеттæ ‘ма журналти.
Мзокти Аслæнбек. Зундгонд литературон критик. Сæдæмæ хæстæг – æ наукон куститæ. 3 киунугей автор.
Зайцева Альбина. Стъараполи бæсти райгурдæй, рагæй цæруй Иристони. Иристонбæл финсуй киунугутæ, сувæллæнттæн дæр».
Сосæг гъæлæси хатдзæгмæ гæсгæ æртемæй дæр иссæнцæ Цæдеси иуæнгтæ.
Уой фæсте Æгънати Гæстæн æма Скъодтати Эльбрус Уæрæсей Финсгути Цæдеси иуæнгтæн равардтонцæ нæуæг удостоверенитæ.
Иннæ фарстатæбæл ма радзурдтонцæ Даурати Дамир, Цомартати Изæдбек, Тъехти Тамерлан æма инн.
перевести