перевести

Еумæйаг æргом диктант


Еумæйаг æргом диктант дигорон æвзагбæл ниффинстонцæ нæ республики национ наукон библиотеки Еугурдуйнеуон маддæлон æвзаги бони – комахсæни мæйи 21 бон.
Еци бон исфедар кодта ЮНЕСКО 1999 анзи, бæрæггонд цæуй 2000-г анзæй ардæмæ, æ нисанеуæг ба æй бæрцæй минкъий адæнти маддæлон æвзæгти бартæ гъæуай кæнун.
Мероприяти арæзт æрцудæй литературон-аййевадон журнал «Ирæф»-и сæйраг редактори хъæппæресæй, Мухури гъуддæгтæ æма дзиллон коммуникацити Комитети æнхусæй (æ сæргълæууæг – Фидарати Юрий, æ хуæдæййевæг – Габалти Мадинæ).
Диктант баст æй зундгонд тугъдон-финсæг, гвардий майор, Хуадонти Иссай номи хæццæ – 110 анзи æнхæст кæнуй æ райгурдбæл.
Исса райгурдæй Чиколай гъæуи 1910 анзи. Иссæй устур ахургонд; Ленинградмæ рандæй, уоми фæцæй фиццаг электрон-техникон институт, уой фæсте – университети юридикон факультет, 1934 анзи ба иссæй ССРЦ-и Финсгути Цæдеси иуонг. Æ уадзимистæ ин мухур кодтонцæ Ленингради æма Иристони газеттæ ‘ма журналти. Æ райгурæн бæстæмæ æрбаздæхгæй, куста газет «Рæстдзинад»-и. Уой фæсте Мæскуй бацудæй Фрунзей номбæл Æфсæддон Академимæ. Уордигæй тугъдмæ рандæй æма 32 анздзудæй фæммардæй. Ниффинста романтæ «Джума» æма «Устур горæти», адтæй хуарз публицист.
Диктант аци анз финст цæуй дуккаг хатт (фиццаг адтæй 2018 анзи).
«Алке дæр ни гъæуама расагъæс кæна, кæцæй æй, æ рагфиддæлтæ ка ‘нцæ, цæхæн царди уаг хастонцæ, ци ‘взагбæл тох кодтонцæ се знæгти нихмæ, – загъта Скъодтай-фурт. – Нæ фиддæлтæ дуйней игъустгонд адæн адтæнцæ, æма нин устурдæр хæзнайæн ци ниууагътонцæ, е æй нæ маддæлон æвзаг. Мах ацибон уæхæн рæстæгмæ ‘рхъæрттан, æма махæй берæ аразгæ ‘й. Ци уодзæй не ‘взаги исон? Ци ‘рдæмæ рахæтдзæй? Исæвди къахбæл ниллæудзæй, æви ирæзуни надбæл? Мах фæлтæрæй, фулдæр ба – нæ кæстæртæй, берæ аразгæ ‘й».
Сæхе бафæлварунмæ æрбацудæнцæ берæ зундгонд адæм: Мухури Комитети сæргълæууæг Фидарати Юрий, Хохти Хаджимурат, Мамукъати Михаил, финсæг Къибирти Амурхан, æхургæнæг Тауасити Астан, хузгæнæг Езети Марклен, æхсæнадон архайæг Сагкати Созур, уæдта – Ирæфи районæй ахургæнгутæ æма ахурдзаутæ – Чиколай 3-г скъолайæй (хæссуй Хуадонти Исси ном), Сурх-Дигорæ æма Хæзнидони скъолатæй. «Тæккæ æхцæуæндæр ба махæн æй, нæ кæстæртæ ке ‘ссудæнцæ, е», – загъта Скъодтай-фурт.
«Маргъæн еу базурæй тæхæн нæййес. Хуцау нин равардта дууæ ‘взаги – ирон æма дигорон. Æма сæ мах ку багъæуай кæнæн, уæд нæ адæнихатт дæр ирæззæй», – загъта Фидари-фурт.
Фæлварæн арæзт адтæй дууæ хаййемæй: диктант – Хуадонти И. роман «Устур горæти»-æй скъуддзаг (кастæй æй РЦИ-Аланий Скъуæлхт ахургæнæг, фæлтæрдгун ахургæнæг, дигорон æвзагбæл киунугутæ аразæг, ЮНЕСКО-й кафедри косæг, Хадати Фузæ) æма Тамати Таймураз (Паддзахадон аграрон университети доцент, æхсæнадæ «Малити Геуæрги»-й сæрдар, журнал «Ирæф»-и автор) ци фарстатæ бацæттæ кодта, уонæбæл дзуæппитæ ниффинсун.
Хъæбæр зæрдиагæй баархайдтонцæ амонгутæ дæр, уæдта, финсгæ ка кодта, етæ дæр – се ‘гасемæн дæр хъазар æй сæ маддæлон æвзаг, тухсунцæ æ багъæуай кæнунбæл, æ ирæзтбæл.
Ауæхæн мадзæлтти фæрци ба ма æмбæлуй еу ахсгиаг фарстабæл бакосун: фадуат дæдтунцæ, литературон искурдиадæ кæмæ ес, еци фæсевæди рабæрæг кæнун, фæккæсун сæмæ æма сæ разæнгард кæнун, уомæн æма беретæ æфсæрми фæккæнунцæ сæ уадзимистæ раргом кæнун.



Обратная связь