перевести

Еумæйаг æргом диктанти хатдзæг


Æрæги журнал «Ирæф» æма Мухури гъудтæгти комитети фæндонмæ гæсгæ ци диктант арæзт æрцудæй, уой архайгутæн зæрдиагæй арфæ кæнæн. Уотæ тумугъæй ке ‘рцудæнцæ, е бæрæггæнæн æй, сæ зæрдæ сæ мадтæлон дигорон æвзагбæл ке ресуй, æма уой рапарахат кæнунбæл ке архайунцæ, уомæн.
Æгасæй æмхузæн хуарз нæ ниффинстонцæ, ‘ма уоми дæр дессагæй неци ес: ка финста, уонæй дигорон æвзаг скъолай цудæнцæ æрмæстдæр и тæккæ хестæр архайгутæ (нур 80 анземæ хæстæг кæбæл цæуй) æма Ирæфи районæй (Чикола, Хæзнидонæй) ци скъоладзаутæ иссудæнцæ, етæ, ‘ма етæ дæр – æрмæст 1-4 кълæсти.
Ци текст æвзурст æрцудæй (Хуадонти Иссай «Устур горæти» – фиццаг дигорон романæй скъуддзаг), е хумæтæг æма æнцон н’ адтæй, фал беретæ исарæхстæнцæ хуарз ниффинсунмæ.
Cæ куститæ, æвæдзи, æфсæрмигæнгæй, æгасæй нæ равардтонцæ – æдеугур 46 адæймаги (ка финста, уони нимæдзæ дзæвгарæ фулдæр адтæй), уонæй «5»-тæ райстонцæ 15, «4»-тæ – 18 адæймаги.
Арæх æмбæлунцæ рæдудтитæ мæнæ ауæхæн дзурдти: «æвваст» (раст финсгæ ‘й «æваст»), «фæттахт кодта» (раст æй «фæттагъд кодта»), «хистæнцæ» (раст æй «хизтæнцæ») æма у.и., уæдта ма æрхуæцæн нисæнтти ниффинсти.
Фæлварæни дугкаг хай арæзт адтæй мæнæ уæхæн ихæслæвæрттæй: дигорон æмбесæндтæ, муггæгти истори, æвзаг куд зонæн, уой исбæрæг кæнун. Ами «5»-бæл ниффинстонцæ дууæ хатти фулдæр адæн – 34, «4»-тæ райста 11 адæймаги.
Никкидæр ма арфæ кæнæн, ка дæр нæмæ фæккастæй аци мадзал исаразунмæ, уонæн сæ еугуремæн дæр. Фиццаги фиццагдæр ба Цæгат Иристон-Аланий Республикон наукон библиотеки уæдта Ирæфи райони администраци æма ахуради хаййади косгутæн.
Нæ зæрдæ дарæн, иннæ хатт дæр уотæ зæрдхæларæй ке æрæмбурд уодзинан уæхæн ахсгиаг мадзали фæдбæл, æма бабæй нæуæгæй ке бафæлвардзинан нæ хъауритæ нæ мадтæлон æвзаг багъæуай æма парахат кæнуни гъудтаги, уобæл.

Журнал "Ирæф"-и редакци

Обратная связь