Еци-еу хузæнæй неци изайуй. Æййевгæ цæунцæ бæнттæ, къуæретæ, мæйтæ, æнзтæ, æностæ… Æййевгæ цæуй адæймаги уавæр, æ цардиуагæ, æ хузæ… Цуппор – фæндзай анзи йбæл цалинмæ рацæуй, уæдмæ ирæзгæ, хъаурæгиндæргæнгæ цæуй, кæд æ иуæнгти тухæ сабургай фæллæмæгъдæр уй, уæддæр – æ зунд, æ фæлтæрддзийнадæ æма, нурмæ ин ци бантæстæй царди медæгæ исаразун, уони æнхуси фæрци. Хаттгай лæг гурусхæ кæнун байдайуй: кæд махæй аразгæ, æцæгæй дæр, неци æй, кæд, цидæриддæр кæнæн хуарзæй дæр æма лæгъузæй дæр, етæ нæ нихидзиуари финст фæуунцæ рагацау æма сæ мах, нæхе фæрци æнгъæл уогæй, æррæстæ, «курмæрситæй» æнхæст кæнæн. Кæд алкæбæл дæр æвæрд фæууй æхе сæрмагонд ихæс, æма ’й, уой исæнхæст кæнунмæ карнæ хонуй æ фæдбæл, – алкæддæр адæймагæн æ разæй ка цæуй, еци карнæ. Нæ, нæ, нæннæ! «Æма ма си уæд мах ба ци ан, кæд махæй æразгæ неци ’й, уæд, – нæ арази кæнуй адæймаг. – Æма уæд, æз дæр, куд мин æнцондæр уа, уотæ кæндзæнæн», – зæгъдзæнæй æхе рæстдзийнадæ гъæуайгæнгæй е.
Дессаг æй алли лæги карнæ дæр: кæмæн – зин, кæмæн ба – æнцон. Нивæ карнæй арæзгæ ’й. Еума дессаг ба е æй, æма зин карни хæццæ дæр адæймаг хаттгай нивгун фæууй. Æ царди гургъахъ нæдтæбæл нæуæгæй рацæунмæ цæттæ ка фæууй, е ’взарæнтæ нæуæгæй бавзарунмæ. уой æнæнивæ куд исхонæн!
Уæхæн лæгтæй еу æй Уæрæсей финсгути цæдеси сæрдар Иванов Николай Федори фурт – æфсæдтон корреспондент, финсæг æма тугъдон. Æ хæццæ базонгæ дæн Мæскуй, Уæрæсей финсгути цæдеси пленуми 2018-аг анзи цæппорсей мæйи. Рæстæмбесасæ, базæрхуггомау, рохс цæсгони хæццæ. Æ къохистæй дæр бæрæг адтæй, хумæтæги лæг ке нæй, е. Нæ хæццæ ку радзурдта нигки ба ма пленум куд хаста, уæдта изæрæй ба – æгас Уæрæсей финсгути цæдеси еумæйаг æмбурд, уони фæууингæй ба нæхецæн федар хатдзæг искодтан – Финсгути цæдеси сæргъи ислæудтæй æцæг хъаурæгин лæг.
Николай райгурдæй Страчевой гъæуи Брянски облæсти. Мæскуй суворовонти училище каст фæууогæй, бацудæй Львови уæлдæр æфсæдтон-политикон училищей журналистики факультетмæ. Архайдта Афганистани тугъди 1981-аг анзи, фæстæдæр ба – Цæгат Кавкази. Хуарзæнхæгонд æрцудæй цалдæр тугъдон майданемæй.
1985-аг анзи косун райдæдта журнал «Советский воин»-и уацхæссæгæй, 1992-аг анзи ба иссæй æ сæйраг редактор. Е службæ дæр идарддæр хаста хъалонти пæлици. Николай æй болкъон. 1996-аг анзи уацари бахаудтæй æма ’й исуæгъдæ кодтонцæ цалдæр мæйей фæсте. 2008-аг анзи адтæй конвои сæргъи, Хонсар Иристонмæ гуманитарон æнхус ку ластонцæ, уæд. Æрæги Иванов Николай исцудæй Дзæуæгигъæумæ. Николай архайдта цалдæр рауæнеми, фал рæстæг иссердта журнал «Ирæф»-æн интервью радтунмæ дæр. Адæймагæн мæмæ æ кустæй æхе меддуйне цæмæдессагдæр кæсуй æма мæ фарстатæ адтæнцæ ецирдæмæ арæзт, цæмæй еци лæги хуæздæр базонæн нæхуæдтæ æма ’й равдесæн нæ журналкæсгутæн дæр.
Ком-коммæ литературæ æма Уæрæсей финсгути цæдеси архайдбæл ба дзордзинан æ хæццæ иннæ хатт, – Хуцау ку зæгъа, уæд.
Сæйраг редактор.
ИНТЕРВЬЮ
– Зундгонд прозаиктæй беретæ се ’сфæлдистадон куст райдайунцæ поэзийæй. Æмдзæвгитæ некæд финстай? (С. Э.)
– Æз дæр уонæй игъауги нæ разиндтæн, гъай-гъайдæр, финстон æмдзæвгитæ. Æмдзæвгитæ финсун райдæдтон æхсæзæймаг къласи, уой дæр, еци фæдбæл – поэмæ. Мæ хестæр æнсувæр Александр поэмæ финсун райдæдта мæнбæл, мæ сувæллони бонти гъæугкаг миутæ æма хабæрттæбæл, фал уотæ рæхги ба Ашхабадмæ ахур кæнунмæ рандæй, æ тетрад ба нæхемæ байзадæй. Æз æй ку иссердтон, уæд бааргъудтон поэмæ мæхебæл, æма мæ æрфæндæадтæй уой изолдæр рахæссун, кæронмæ искæнун. Е адтæй ме ’нсувæри кусти къохдзæфи æнгас, уой стиль. Æма финстон, финстон. Финстон æмдзæвгитæ. Суворови номбæл училищей ба мæ еци архайд нигкидæр ма фетингдæр æй. Уоми дессагæй дæр неци ес, е адтæй психологион фактори фæрци. Расагъæс кæнайтæ, уæгъдебарæ гъæугкаг лæппо-лæги æрлæуун кодтонцæ рæнгъæвæрди, «нихгæдтонцæ» казарми, – ардæмæ æнгъезуй, ардæмæ – нæ. Е, гъо, æнæуой уотæ ’й…
(И. Н.)
– Цидæр искуста медæгæй? (С. Э.)
– Æцæгæй дæр. Мæ зæрдæбæл æрлæууиуонцæ циуавæрдæр цаутæ, хабæрттæ. Зæрдæбæл ести ку æрлæууй, ести ку æримисуй адæймаг, уæд е ба алкæддæр поэзи æй.
Львови политикон училищемæ ку бацудтæн, уæд уоми ба райдæдта ком-коммæ куст журналистики: бунæттæмæ цæун, æрмæгутæ æмбурд кæнун æма финсун. Æма мин, цума, раст, мæ къохтæ æрцавдæй, уотæ æваст фæууагътон ме ’мдзæвгитæ финсун. Уацари ку адтæн, уæд ци æмдзæвгæ ниффинстон мæ кизгæмæ, уой ма нимайæ, æндæра, уæдæй фæстæмæ некæдбæл ниффинстон еунæг поэтикон рæнгъæ дæр. (И. Н.)
– Цæбæл адтæй, уæддæр си еу цалдæр рæнгъи нæ гъуди кæнис? (С. Э.)
– Еци æмдзæвгæй ирдтон мæ кизги ном. Е адтæй, мæ цæститæбæл ка рагъазта, уæхæн æнкъарæн. Мæ кизгæ мæмæ ком-коммæ æрбаледзуй, фал æ бон мæнмæ æрбахъæртун ба нæй. Кæрæдземæ нæ хъæртæн, уомæн æма æз хъадаматæй баст дæн, æз зæнхи буни, уæрми дæн. Æма, цума, хатир корун мæхецæй, уотæ минкъий ма ке æй, уомæ гæсгæ, æ бон мæн уæнгæ æрбаледзун нæй, зæгъгæ. Е адтæй мæ фæстаг æмдзæвгæ, уой адæбæл фæдтæн поэзий хæццæ «дзубандигонд», уомæн æма мин мæ сæри исирæзун кодтонцæ «медæгкаг редактори» æнкъарæн æма аргъ кæнун байдайун, хуарз ци æй уæдта лæгъуз ци æй, а мæ айдагъдæр мæхецæн гъæуй, аци уадзимисæ ба адæнмæ рахæссун дæр æнгъезуй… (И. Н.)
– Æцæгæй дæр махæй беретæ «медæгкаг редактор» гъæуагæ æййафунцæ. Æма литературон критиктæ ба, хаттгай, сæхуæдтæ поэттæ, прозаиктæ нæ уогæй, киунугæкæсæги гъудитæ фесйардæмæ ниййаразунцæ, автор ци зæгъунмæ гъавуй æ уадзимиси, уой син раст нæ бæлæдæрун кæнунцæ. Микъийгомау регионти ба адæн сæ кæрæдзей хуæздæр зонунцæ, фулдæр фæсмæрунцæ. Æма литературон критиктæ сфæлдистадон архайгути зæрдихудтæй дæр тæрсунцæ, – æргом дзурди аййеппи нæййес. Ци уа, уой зæгъун гъæуй – æцæг, объективон литературон критикæ къулухæй-къулухдæргæнгæ цæуй. Ду куд, уетæ ба алке бон нæй æхецмæ фæрсæрдигæй бакæсун. Уогæ ба, алли скурдиадгун адæймаг дæр гъæуама уа карз редактор, фиццагидæр – æхецæн. Уомæ гæсгæ, хъæбæр ахсгиаг æй, ке загътай, еци гъуди. (С. Э.)
– Журнал «Советский воин»-и кустон, мæ хæццæ училищей ка ахур кодта, етæ ба Ленини номбæл Æфсæдтон академий журналистики факультетмæ уæд бацудæнцæ æма, ести ку ниффинсинæ, уæд сæмæ ’й радтинæ. Уонæмæ ба, цæветтонгæ, практикон ахуртæ уидæ еске уадзимисæ æвзарунбæл. Æз сæмæ ме ’ргон бахаттон, цидæр уадзимисæ кенæ уацгъуди райсинæ мæ хæццæ, уотемæй сæ ахури рæстæг бацæуинæ, мæхуæдæг сæ куд игъосон, уотæ. Уотæ нæ зæгъун, æма мæбæл фур цийнæй сæ «къæхтæй хаттæнцæ», «дæрæн мæ кодтонцæ», фал сæ гъудæй сæхе равдесун, иннердигæй ба «кæсай амæ, финсгæ кæнуй, маха ма ахур кæнæн». Гъе, уæхæн дирзæг дзубанди, сауангæ хъаугъатæ дæр си рауаидæ, фал етæ алкæддæр пайха хæстонцæ. Æз æй æртасун зудтон, ду уотæ дзорис уомæн, æма мин мæхе нæ уарзи, ду ба уотæ дзорис уомæн, æма ’й нæ лæдæрис, ду ба раст дæ… Фал мин пайда ба уой туххæй адтæнцæ, æма, уадзимисæ фæххуæздæр кæнунæн ка косуй, уæхæн критикæ мæхемæ есун æнæзæрдихудтитæй. (И.Н.)
– Зундгонд æй, æфсæдтон ке дæ, е, Афганистани тугъди æма Кавкази конфликтти ке æрхайдтай, болкъон ке дæ. Ду бавзурстай, зæгъун æнгъезуй, алли зиндзийнæдтæ рацудтæ тæссаг нæдтæбæл, фæууидтай берæ æверхъау миутæ. Дæу исхонæн ес æфсæйнагæй конд адæймаг. Æзнæгтæ, лæгмартæмæ уацари еу бон фæуун, æвæдзи, зиндæр æй тугъди бæгъатæрдзийнадæ искæнунæй. Тугъди будури рамæлæн дæр ес, æхсарæ бавдесунмæ фадат дæр. Кенæ мæлгæ кæндзæнæ, кенæ ба – цæргæ… (С. Э.)
– Уацари ба дæуæй аразгæ хъæбæр минкъий æй, æма уомæ гæсгæ – зиндæр… (И. Н.)
– Дессаг нæмæ кæсуй, куд рацудтæ уæхæн æнæнади нæдтæбæл, кутемæй дин бантæстæй нæфæразон зинтæн ниббухсун, кæцæй райстай уæхæн егъау нифс æма хъаурæ нæ басæттунмæ, æгъатир æзнæгти нихмæ федар ниллæуунмæ? (С. Э.)
– Нæ, уомæй райдайæн æма æз нæ дæн «æфсæйнагæй конд адæймаг». Уацари мæ царди медæгæ фиццагидæр хатт багъар æй мæ зæрдæ, иннетæн ци æверхъау миутæ кæнунцæ, уой фæууинунмæ мæ ку ластонцæ, уæд… Балæгъуз дæн, уотæ мин ку загътонцæ: «Нуртæккæ цæуæн кæсунмæ, иннетæн ци «пыткитæ» кæнæн, уомæ. Æма ду уомæ кæсдзæнæ æнæгъæнæ бони дæргъци», – цæмæй мин мæ «цъух райхалонцæ, уой туххæн. Мæ зæрдæ багъар æй, уомæ гæсгæ, æма мæ е нæ фæндæадтæй е, æвæдзи, хъæбæр тæссаг æй. Уомæ гæсгæ ба ’й нуртæккæ æнкъарун, кæуагæ нæ зæгъдзæнæн, фал дзæвгарæ тæнзæрдæдæр ке исдæн. Мæ дирзæг, мæ карздзийнадæ, хебæлхуæцуни бæрзæндæ фæнниллæгдæр æй. Уой рæуонæ, æвæдзи, æй психологий æууæлтæ, æгæр берæ фæууидтон уæхæнæй, тæрегъæддаг ка ’дтæй, мæ зæрдæ мин ка фæрресун кодта. Иннердигæй райсгæй ба, æз исдæн нигки сентименталондæр. Е ба, æвæдзи, уомæй æй, æма цард фулдæр уарзун байдæдтон. Хъæбæр хуарз æй балæдæрдтæн, æ бон раскъунун ке æй кæцифæнди усми дæр, æвеппайди. Æма, уомæ гæсгæ ба, уотæ ку ракæнунцæ, «а, уæууæй, цæрун мæмæ нæбал цæуй», зæгъгæ, уæд æз уæхæн дзурдтæй нæ гириз кæнун, нæ гъазун. (И. Н.)
– Цæветтонгæ, аци здæхæй, дæу карнæ æй хъæбæр уæззау, уæдта, иннердигæй ба – фур цæмæдессаг. Нæуæгæй дин ку рауаидæ æвзаргæ, уæд ма рацæуисæ еци цардвæндæгтæбæл? (С. Э.)
– Сауæнгæ дæр, фæсмон евгъудæй нецæбæл кæнун. Аци гъуди зæрдæбæл даргæй ба, æвæдзи, рацудайнæ – мæ хæстæгдæр æй. Мах æй нæ зонæн, ци нæ хезуниау адтæй иннæ фездæхæни фæсте, – галеумæ, æви рахесæрдæмæ рандæ адтаййанæ. Нæй зонун, сумахмæ, медæгæй, гъæугкаг нанатæ куд фæккæнунцæ, фал махмæ, Уæрæсей æрвити, ес уæхæн фæткæвæрд: фæстæмæ æздæхун ке багъæуй, е, æнæмæнгæ, гъæуама айдæнæмæ бакæса. (И. Н.)
– Махмæ ба къелабæл æрбадунцæ æма дон раниуазунцæ… Еске дæбæл ку рамбæла, уæдта… (С. Э.)
– Уомæ гæсгæ ба, евгъуд цард, уæхæн гæнæн уогæй, нæуæгæй бафæнзинæ. Цидæр миутæ, цидæр уавæрти бахаугæй, ме ’ууæнкæ фулдæр кодта: ме ’мбæлттæ, ме ’цæг æмбæлттæ мæ ке нæ ниууадздзæнæнцæ тухст уавæри. Царди аллихузи фæззелæнти, лæгæвзарæн усмити кодтон нифсгундæр æма федардæр. Еци æууæлтæ зæрдæсаст æма лæмæгъдзийнадæй фулдæр адтæнцæ. Цæветтонгæ, мæ медæгæ райгурдæй уæхæн æнкъарæн, æма, мæнæ уотæ ку фæззæгъунцæ, æ хæццæ разведки цæун æнгъезуй, зæгъгæ, е мæнмæ дæр хауй, уомæн, æма ’й балæдæрдтæн, ме ’мбæлттæ мæбæл ке æууæндунцæ. (И. Н.)
– Дæхе, фулдæр, тугъдонбæл нимаис æви литераторбæл? (С. Э.)
– Еци фарста мæ фæдбæл рагæй зилдæй. Æфсæдтон гъудтаги алкæддæр алцидæр хуарз цудæй.
Литератури ба… Нæ курсæй ку æвзурстонцæ, уæд æз исдæн фиццаг редактор, – фиццаг æнтæст, журналтæ, газеттæ… Цидæр усмити мæхе бадæруораминæ, идарддæр нæбал цæуинæ. Цума уомæй уæлдæр къæпхæнмæ исхездзæнæн, уотæ мæмæ кастæй æма рапорт ниффинстон: «Корун уи, мæ кустæй мæ исуæгъдæ кæнетæ, мæн фæндуй киунугæ ниффинсун». Куддæр, æлæвагай, ме ’ргон фулдæр хатун райдæдтон литературон архайдмæ, уомæн, æма мæ е æхемæ хъæбæрдæр æлваста. (И.Н.)
– Æма дин уоми, гъай-гъайдæр, де службæ дæр ести æгъаз куд нæ адтайдæ. (С. Э.)
– Службæ мин фенхус æй, уоми ку нæ хастайнæ ме ’хæс, уæд æндæр рауæн кустайнæ, адæймагæн уæддæр естæмæй фæййархайæн æй аци царди. Мæ фиццаг уацау мухургонд æрцудæй журнали «Октябрь», а сæйраг редактор Ананьев Анатолий, роман «Танки идут ромбом»-и автор. Уой хæццæ мин адтæй еу фембæлд æма мин Афганистанбæл уацау «Гроза над Гендукошем» ниммухур кæнунæй зæрдæ байвардта. Мæ зæрдæ барохс æй, бузуртæ мæбæл базадæй, уоми Прибалтики тар гъæдти хастон ме службæ, ами ба мин Мæску æнай-æнойти уæхæн аргъ кæнуй, зæгъгæ, æма ’й, еу устур финсæги хузæн, мæхецæй ниббоз уогæй рафарстон: «Анатолий Андрейи фурт, ка ’й зонуй, литературон фæсномуг райсон? Советон Цæдеси справочники Ивановтæ 25 ес. Æз ба 27-аг уодзæнæн æма сæ астæу нæбал разиндзæнæн, уомæ гæсгæ мæ фиццаг мухурæн гъæуй фæсномуг». Е дæр мæмæ листæг æрбакастæй ’ма мин уотæ: «27-аг ун дæ нæ фæндуй, уæд 1-аг исуо». Еци фембæлд Ананьеви хæццæ, æ еци загъд дæр мин, æвæдзи, цидæр пайда æрхæстонцæ литературон архайди. Уомæ гæсгæ ба мæ æфсад нæ хъор кодта, æфсад мин равардта дессаги гъæздуг æрмæгутæ, æфсад мин равардта берæ адæймæгути карни хецæн хузтæ, рæмин игон кодта, ести сосæгдзийнæдтæ нæ, фал цидæр æнæнгъæлæги рауæнтæ, адæни хæццæ кæми фембæлинæ. Етæ ба сæхуæдтæ уадзимиси цæттæ архайгутæ ’нцæ, дæттунцæ киунугæн сюжетти фæззелæнтæ. Уони æз некæд некæми иссердтайнæ. Æз дæттун, «итинг рауæнтæ»-мæ ка цæуй, еци журналистти курситæ – «Бастион». Æз сæ ахур кæнун, еци змæнст рауæнти хек уд гъæуай кæнун гъæуй, уобæл: цæун кумæ æнгъезуй, кумæ ба – нæ. Дзорун син: лæхъуæнтæ, кумæ æрбацудайтæ, уой зонетæ, – сумах гъæуй æрмæгутæ исамал кæнун. Сумах бацудайтæ командæгæнæгмæ æма си коретæ, ескæци бæгъатæри туххæй уин куд радта информаци. Фал е раст нæй. Ести рæуæнттæ дин ракæндзæй, кенæдта, дæу ка нæ гъæуа, уæхæн таурæхътæ. Сумах гъæуама ниццæуайтæ æрвист бунатмæ, æма уой зонайтæ, тæккæ фæстагдæр хабæрттæ фæуунцæ медбати, цæфтæ кумæ цæунцæ, – цæфтæ ба цæунцæ уордæмæ тæгкæ тугъди будурæй, тæгкæ туфулæй. Сумах гъæуама уайтæ радиоэлектрон тохи пункти, уомæн, æма уоми æмбурд кæнунцæ еугур сосæг хабæрттæ дæр. Сумах гъæуама командæгæнæгæй ракорайтæ, цæмæй уæ пернæйзелгæ хуæдтæхæги рабадун кæна æма уин ести тугъдон операци фæууинун кæна. Уæд командæгæнæг дæр баууæнддзæнæй, æцæг специалист ке дæ еци гъудтаги æма дин уæхæн æрмæгутæ ратдзæнæй, дæ фуни дæр ке нæ фæууидтайсæ. Ку дæ базононцæ, аци лæгбæл æууæнкæ ес, алцидæр зонуй, зæгъгæ, уæд дин бантæсдзæнæй. Фидибæстæн ес сосæггæгтæ, етæ рамæлунцæ салдæтти хæццæ еумæ. Уацхæссæг дæр уой лæдæруй, æма некæд зæгъдзæнæй нæзæгъуйнаг, некæд рауæйæ кæндзæнæй.
Мæ архайди фæзуат æй æфсæдтон фæзуат æма уомæй сæрустур дæн. Фал гъудтаг уой медæгæ æй, æма «итинг рауæнтæ» – е æфсад нæй, е фулдæр æй адæймæгутæ æма цæргутæ. Уæхæн æфсæдтон-адæмон хæрхæмбæлд си рауадæй тугъд æма сабурдзийнадæн, мæлæт æма цардæн. Æз дæр еци хæрхæмбæлди дæн. (И. Н.)
– Недзамантæй нурмæ адæймаг æй тохæрвонг. Арази нæ дæ? (С.Э.)
– Алке нæ, адæн фæйнæхузти ’нцæ. Ами мæ зæрди æрбафтудæй еу хабар. Æригон финсгутæн æмбурд исаразтан, æма уинæн, се ’мдзæвгитæй лæги тæф некæцæй цæуй, цидæр иругъд, æнæбундор. Цæй тох сæмæ ес уонæмæ! Тох – е мах ан, уæхæнттæй, ке уæргутæбæл бадтан, цæхæн зартæ игъустан, ци аргъæуттæ нин кодтонцæ – Дюймовочкæбæл æви Илья-Муромецбæл – биццеутæн. Алцидæр цæуй сауæнгæ дæр ардигæй. Уой фæсте ба адæймаг, ци уавæри ин куд гæнгæ ’й, уой æвзарун райдайуй, уæдта æхуæдæг бундорон кæнун райдайуй æ зæрдихатт, æ меддуйне. (И.Н.)
– Уæддæр, ци зæгъунмæ гъавтон, уой фæббæрæгдæр кæнон. Еуæрдигæй, цæуй прогресс, адæн гъæуама зундгиндæргæнгæ цæуонцæ, куд фæстагдæр, уотæ, иннердигæй ба бонæй-бонмæ нигки цъаммардæр, тухуастдæр, мæнгарддæр æма дæснидæр мадзæлттæ æргъуди кæнунцæ сæхе марунмæ. Уотæ нæ уайуй, æма недзаманон адæн нури доги цæргутæй æнæзунддæр н’ адтæнцæ? (С. Э.)
– Æз, æвæдзи, дæ хæццæ æнхæст арази нæ дæн, Эльбрус. Цæми, уой зонис: мæн гъудимæ гæгсæ, маруни цъаммар мадзæлттæ адтæй Астæугкаг æности дæр, адæнбæл гадзирахаттæй рацæунмæ дæр хъæбæр дæсни адтæнцæ. (И. Н.)
– Еумæйагæй райсгæй, гъо, адæймаги конд, æрдзæй ин лæвæрд ка ’й, еци минеугутæ, æвæдзи, æййевгæ нæ кæнунцæ. Æрмæстæр – сæ хузæ… (С. Э.)
– Ес цъаммардзийнадæ, ес ба – фенхус кæнун ку фæндæуа. Еци цъаммардзийнадæ уæхæн мæнгард миутæ æргъуди кæндзæнæй – «къæдзелæ ралхъевунмæ», «зонтиккæй барæхуайунмæ», хуæрзгъон, зæрдхæлардзийнадæ ба «дзиггойæй дæр исласдзæнæй». Къагъди бадæн, æма дин нæмæ еу хатт цъасæбал æхе пакъу æруагъта. Мах æй æрахæстан, фал нæ нæ фæндуй, цæмæй нæ хæццæ е дæр къагъди байзайа. Изæрæй нæ уордигæй ку исистонцæ, уæд еци пакъуй дæр райстан нæ хæццæ. (И. Н.)
– Еунæгæй нæ бадтæ? (С. Э.)
– Нæгъæ, æртемæй. Æртемæй нæ куд æрахæстонцæ, уотæ нæ еумæ ниггæлстонцæ, дууæ лæхъуæни – Балхъарæй. (И. Н.)
– Цæйбæрцæ рæстæг фæцайтæ уоми? (С. Э.)
– 113 бони, цуппар мæйи минкъий гъæуагæ. Ес уæхæн гъуди, æма адæймаг, æррæстæ, цæруй æхецæн, бæнттæ нæ нимайуй. Ес ба уæхæн, æма еу бони рæстæгмæ æ бон раевгъуйуй. Адæймаг десантон æфсæдти, парашюти хæццæ гæпп кæнгæй, тæссаг уавæри дæр фæууй. Махмæ бон цудæй бон æма æрдæгмæ. Тугъди мæнмæ бон нимад æй æртебæл, уомæн æма уоми фæммард унæй тæссаг æй, уацари ба алкæддæр бон нимад цæуй æхсæз бонебæл. Гъеуæхæн хабæрттæ…
Раст зæгъун гъæуй, уæрмæмæ нин тамакутæ ба æргæлдзиуонцæ, думгæ, дан, кæнетæ. Æз нæ думун, зæгъгæ, син ку загътон, уæдта мин уотæ: «Тухсгæ ма кæнæ, уоми дæуæй лæгдæртæ дæр райдайунцæ». Сагъæс кæнун: куддæр исдумон, уотæ мæ нифс басастæй. Еци къагъди тæккæ зиндæр ба адтæй, ци афони ан, уой ке нæбал лæдæрдтан, рæстæги цуд ке не ’нкъардтан, е. Æма уæд и тамакутæ æма сирниктæй календартæ кодтан. (И.Н.)
– Махмæ, Цæгат Иристони адæн хъæбæр берæ уарзунцæ æма нимайунцæ спортсментæ æма æфсæдтонти. Спортæй некæд архайдтай? (С. Э.)
– Æз алкæддæр хуарз арæхстæн турникбæл, дæн гимнаст æма гъæбесæйхуæцæг. Уацари рæстæги нæ еуæй-еу хатт гъæдæмæ ракæниуонцæ. Уоми еу турник адтæй, æма ’йбæл «хор» («солнце») уæдта æндæр гимнастикон миутæ равдесинæ. Е мин лæвардта уæлдай фадуат рæсог уæлдæфæй рауолæфунмæ. (И. Н.)
– Уæрæсей финсгути цæдеси сæрдар уогæй, берæ балцитæ кæнис алли рауæнтæмæ. Дæ бийнонтæ цæхæн цæстингасæй кæсунцæ еци гъудтагмæ, дæ цардæмбал дин «хилæ» нæ фæккæнуй? (С. Э.)
– Мæ бийнойнаг, куд адтæй, уотæ байзадæй афицери уосæй, кæд мæ пагонтæ исистон, уæддæр. Еу æцæг хабар ракæнон. Спецназовеци сувæллонмæ фæккæсунмæ æ бийнойнаг фæууагъта, уотемæй ба ’ймæ командир фæззиндтæй, – цурд, дæ дзаумæуттæ ракæнæ æма фæлледзæн. Фæдеси хабар, – кæмидæр цидæр устур бæллах æрцудæй, адæни аманати райстонцæ, фæзмæлæ! Æма, дан, аци минкъий сувæллони ба кæмæн ниууадзон, ци ’й фæккæнон, зæгъгæ, ймæ дзоруй. Фал е уæдмæ фендæбилæ ’й, – машинæ дæ бунæй хезуй, зæгъгæ, ма ’ймæ фæстæмæ радзоргæй.
И фидæ къохбæттæнтæ (къохицæгтæ) радавта æма дзоруй æ сувæллонмæ: «Гъæйдæ, рагъазæн лæгъуз дадати гъæзтитæй. Æз фудгæнæг уодзæнæн æма дæ аманати райсдзæнæн, æма дæмæ уæдта дæ мадæ кенæ нана фæззиндзæнæнцæ ’ма дæ исуæгъдæ кæндзæнæнцæ. Æрмæст, кæугæ ма скæнæ!» – уотемæй æй æ къохæй æфсæйнаг батареймæ рафедар кодта, цæмæй къæразæмæ ма сбура æма уордигæй ма рахауа, æхуæдæгка æ дзæкъолæ раскъафта ’ма æндæдуар фæцæй. Еци усми уосæ ба æ цæгати æ мадæмæ адтæй. Хæдзарæмæ ку ’рбацудæй ’ма сувæллони пъолбæл фунæййæй, æ къохбæл æфсæнцæг кондæй ку фæууидта, уæд нирдеуагæ кодта. Цалинмæ и лæг æ паддзахадон æма æфсæдтон гъудтаги адтæй, уæдмæ йбæл силгоймаг тæрхонмæ балæвардта, фидæй ниййерæги бартæ куд райсонцæ, ецихузи. Е дин æфсæдтони цардиуаги дæнцæ…
Мæ бийнойнаг хъæбæр хуарз лæдæруй, алкумæти цæун мæ кустмæ ке хауй, уæдта мин еци хузи цард сфæлдистадон хъаурæ ке дæттуй, адæмæн дæр пайда ке хæссуй, уой. (И. Н.)
– Бийнойнаг хуарз ку уа, уæд уомæн аргъ нæййес. Дæ сувæллæнттæ ци архайæг æнцæ, кæд сосæггаг нæ й, уæд? (С. Э.)
– Сувæллæнттæ нур устуртæ ’нцæ, мæн надбæл си неке рацудæй. Фурт косуй юристæй, кизгæ ба Мæскуй облæсти гъæди хæдзаради райони хайади пресс-секретарæй. Мæ фидтæлтæ дæр Брянски гъæди хæдзаради архайдтонцæ, уотемæй «гентæ искустонцæ» цалдæр фæлтæрей фæсте. (И.Н.)
– Цæхæн минеугутæ нимайис хуарзбæл уæдта лæгъузбæл адæймагæн? (С. Э.)
– Æз уарзун æргомдзурд, æз уарзун игон, парахат зæрдæ адæн. Æвæдзи, аци финсæги професси мæн исахур кодта листæг миутæ «ахæссунбæл», еци листæг миутæмæ гæсгæ ба, – Чеховмæ куд æй, «де ’нгулдзæ фæййеуварс кодтай, æма уæд интеллигент дæ», зæгъгæ, – дæ бон æй хатдзагтæ искæнун.
Нæ уарзун цæстæмæ миутæ, козбау. Ниххатир кæнун æнгъезуй, фал, Кавкази куд фæдздзорунцæ, уотæ «мæ хъури ба ’й некæдбал ниттохдзæнæн». Кенæдта Белов Василий куд загъта, «Нигулæнмæ» ка «рагоц» кодта, уони туххæн: «балæдæрæн ес, ниххатир кæнæн ба – нæ», Фидибæстæй ке рандæ ’нцæ, уой. Æз аргъ кæнун рæстзæрдæ, кæдзос, æнæсайд адæнæн. Уæрæсей финсгути цæдесæн юбилей ку бæрæг кодтан фæлварæ, æма ку æркæститæ кодтан, гъауай, æнтæсгæ ба нин ци бакодта æртинсæй æнзей дæргъци, цæмæй æй нæ бон сæрустур ун, зæгъгæ, уæд мæ сæри ферттивта еу гъуди: «Нæхецæй боз ан, нæ разамонгути циртитæ еу зæнхи ке ’нцæ, æндæарæнтæмæ ни ке неке фæллигъдæй, уомæй»: Соловухин сæхемæ рамардæй. Распутин дæр, кæми райгурдæй, уоми, Иркутски, Белов сæхемæ, Тимонихи гъæуи, Михалков нигæд æрцудæй Новодевичи уæлмæрдти, Бондарев æма Ганичев дæр уоци рауæн. Неке си фæллигъдæй æ Фидибæстæй. Гъæйдæти, æма уомæй уæн сæрустур. «Иннети» бон ба нæй уотæ зæгъун: Коротич, Советон Цæдеси финсгути цæдес райарæзти рæстæги исæзманста, уой рæнгъитæй ракодта фиццаг 200 иуонгей, уæдта фæллигъдæй æ райгурæн бæстæй. Цæмæй адæймагæн æ минеугутæ балæдæрай, уой туххæй æй хаттай хумæтæг царди уинун гъæуй. Мæнæн ецирдигæй мæ гъудтаг хуарз рауадæй, мæ кусти муггагмæ гæсгæ, æфсæдтонти хæццæ ке æмбалдтæн, цард æма мæлæти астæу ка архайдта, уони. Æз уæхæн гъудимæ æрцудтæн, æма командæгæнæг дони фæстаг фляжкæ кæбæл баууæнда, е фæууй тæгкæ æнæсайддæр адæймаг. Уæхæн уавæрти рабарæг уй адæймаг, æдонугæй мæлгæй дæр дони хупп ка не скæнуй, иннетæн æй ауæрдгæй. (И. Н.)
– Мæнæ, короновируси нихмæ ци вакцинæ – Спутник-5 исаразтонцæ, уобæл нифс дарис? (С. Э.)
– Æнæмæнгæ ’йбæл æууæндун. Е конд æрцудæй, советон æма нуриккон медицинæ хуæцгæ незти нихмæ ци хуастæ æргъуди кодтонцæ, уони бундорбæл. Бæлвурд ин ку сбæрæг кæнонцæ е ’дасдзийнадæ, уæд гъæуама адæнæн исбæзза. (И. Н.)
– Адæн се ’сони бонбæл ке мæтæ кæнунцæ, уомæ гæсгæ, хатгай, тухсгæ дæр æма тæрсгæ дæр фæккæнунцæ, – куд уодзæй, ци уодзæй, аллихузи таустæ рацæуй растæй дæр æма æнæрастæй дæр. А фæстаг рæстæги хъæбæр ахид кæнунцæ, мæнæ «чипировани» ке хонунцæ, уой кой. Дæу цæстингас ба куд æй уомæ? Адæймаг æхе цардмæ ку нецибал барæ дара, æхемæ ’й ку нецибал гъудтаг уа, уомæй тæссаг нæй? (С. Э.)
– Мæнмæ гæсгæ, разиндзæнæй уæхæн адæн, еци «чипсадзæнтæн заслон» ка ниввæра, «Долгий (адæймаги архайдæй конд фус. С.Э.) клонкæнун ку бауорæдтонцæ. Сувæллонæй, æхсæзæймаг къласи еу радзурд-фантастикæ аргъудтон, уæхæн роботтæ си аразтонцæ æма æфсæйнаг хуæрунæй цардæнцæ. Æдзæрæг сакъадахбæл цидæриддæр адтæй, уони робот бахуардта. Уæд дин е ’ргъудигæнæг, æ исаразæг кæсуй, æма ин монстр æхебæл цауæн кæнун райдæдта. Æма уæд æ зæрди æрбафтудæй, «сугъзæрийнæ» дæндаг ма йбæл ке байзадæй. Адæнмæ тохæнгарз ку нæ уа, уæд барæ-æнæбари райдайунцæ дзубанди кæнун, цæмæй еумæйаг пайдайаг гъудимæ æрцæуонцæ. Уой туххæй ба син алкæддæр фиццагидæр фæгъгъæуй сæ хуæцæнгарзтæ байсун, уæдта бафедаун æнцондæрæй. Афонадæбæл æрлæуун дæр фæгъгъæуй. (И. Н.)
– Урусæн дæр æма махæн дæр нæ рагфиддæлтæ скифтæй рантæстæнцæ. Нæ республикæ Цæгат Иристон-Алани æма æ берæнацион цæргутæн дæ зæрдæ ци зæгъуй? (С. Э.)
– Иристони Уæрæсейæн равардта Хуцау. (И. Н.)
– Мах гъуди дæр уæхæн æй: Уæрæсей Иристонæн Хуцау равардта. Нæ республики адæн æй еугурæй дæр зонунцæ, – æнæ Уæрæсейæй махæн фæггæнæн нæййес. Уæрæсе æй нæ еумæйаг Устур Фидибæстæ. Фидибæстæй адгиндæр ба а-дуйнейбæл неци ес… Фидибæсти æнцæ нæ райгурæн зæнхæ дæр, нæ маддæлтæ. нæ фиддæлтæ, нæ сувæллæнттæ æма нæмæ хъазарæй цидæриддæр ес, етæ се ’гас дæр. (С. Э.)
– Сумах айтæ еуæрдигæй-бæгъатæр адæн, иннердигæй ба – тæнуод, зæрдæмæесагæ. Нæ фиддæлтæ рагæй нурмæ дæр еумæ архайунцæ – тугъдтити дæр æма сабур царди дæр. Мæ сæрдари кусти фæдбæл мин кумæти рауайуй цæугæ, уонæй мин уарзондæртæй еу æй ацирдæмæ, Цæгат Иристон-Аланимæ. Исон мæ Дæллаг Новгороди ун гъæуй, æндæра ма мæ хуæнхтæ фæууинун бæргæ фæндæадтæй. Устур арфæ уин кæнун, гъар цæстæй мæмæ ке ракастайтæ, уой туххæй. Уæ республики адæнæн мæ зæрдæ зæгъуй, сабур царди размæ цæун, кæдзос арви бунмæ. (И. Н.)
– Дууæ-æртæ бонемæ алцæбæл зин рахъæртæн æй. Бæргæ фæндадтæй нæхе дæр дæу хæццæ хуæнхтæмæ фæццæун, фал нин и берæ гъуддæгтæ, фембæлдтитæмæ гæсгæ нæбал бантæстæй. Зонгæй фæууæд, иннæ хатт банхæст кæндзинан еци хъортæ. Арфæ дин кæнæн, ке нæмæ исцудтæ, уой, уæдта аци интервьюй туххæн… (С. Э.)
– «Хуæрзбон» нæма зæгъæн, аэропортмæ цæугæй ма надбæл радзубандитæ кæндзинан… (И. Н.)
Николай Ивановæй интервью райста
Скъодтати Эльбрус