Аци анз 135 анзи исæнхæст æй дигорон литератури бундорæвæрæг Малити Геуæргий райгурдбæл. Гæздæнти Гайтой номбæл библиотеки уой фæдбæл арæзт æрцудæй фембæлд фæсевæди хæццæ.
Фембæлд байгон кодта библиотеки директор Царахти Ритæ.
Фембæлди амонæг – журнал “Ирæф”-и сæйраг редактори хуæдæййевæг Колити Витали.
“Адæймагæн Хуцау æма æрдзæ еу æрдигæй æгæр берæ ку радтунцæ, уæд æй арæх иннердигæй ба æлхъевгæ фæккæнунцæ. Æнæуаг устур искурдиади зинг уæззау карни хæццæ кæми исеу уй, уоми ба, æвæдзи, арт рауайуй, æма еци арт ба басодзуй еци æнæуаг тухгин искурдиадгуни. Кæд Малити Геуæргийæн дæр гъе уотæ уæззау хъисмæт разиндтæй, уæддæр æ уоди рохс абони дæр адæни нæдтæ æрттевун кæнуй. Малити Геуæрги æй изæди хузæн адæймаг, дигорон литературон æвзаги эталон, уой поэзий хузæн цъонг махмæ нæййес”, – загъта журнал “Ирæф”-и сæйраг редактор Скъодтати Эльбрус.
Геуæргий цард æма исфæлдистадæбæл фæсевæдæн радзурдтонцæ Цæгат Иристони Финсгути цæдеси сæрдари хуæдæййевæг Цомартати Изæтбек, филологон наукити доктор Тахъазти Федар, газет “Рæстдзинад”-и сæйраг редактор Хизити Барис, поэт, прозаик Къибирти Амурхан. Дигорон паддзахадон театри актриса Худæлти Маринæ бакастæй Геуæргий æмдзæвгитæ.
Муггаги номæй Малити Батæрбег, медицинон наукити доктор, раарфæ кодта фембæлд аразгутæ æма иуазгутæн.
перевести