Гурджибети Блашкай бюст æвæрд æрцудæй Мæцути



Фиццаг дигорон поэт æма бæгъатæр тугъдон Гурджибети Блашкай бюст æвæрд æрцудæй, поэти фидтæлтæ кæцæй рацудæнцæ, еци коми – Дигоргоми – Ирæфи райони Мæцути гъæуи.
Ахсгиаг мадзали райони хецауадæ, ахургæнгутæ, культури хайади косгутæ, Цæгат Иристони Финсгути цæдеси мийнæвæрттæ, бунæттон цæргутæ, скъоладзаути хæццæ архайдтонцæ журнал «Ирæф»-и косгутæ дæр.




Журнал «Ирæф»-и сæйраг редактор Скъодтати Эльбрус: «Е хъæбæр устур пайда æй нæ кæстæртæн, цæмæй алæмæти рæсугъд, гъæздуг дигорон æвзаг ма иронх кæнонцæ, сæ бæгъатæр фидтæлти имисонцæ, æма син дæнцæн бæззонцæ сæ цард кади хæццæ хæссунмæ.
Гурджибети Блашка, куд адæймаг, уотæ дессаги лæг адтæй…
Литературон формæй дигоронау финсун райдæдта Блашка. Нури фæлтæрæн æнцондæр æй, уомæн æма нин ес, хæрдмæ кæмæ искæсæн, ке бафæнзæн, уæхæнттæ. Уомæн ба уæхæн н’ адтæй, ‘ма æхе зæрдтæй еци зундмæ æрцудæй – дигоронау æмдзæвгитæ финсун, е устур дессаги гъудтаг æй, е æй сфæлдистади тæккæ бæрзонддæр лæгигъæдæ».
Поэти бюст искодта зундгонд скульптор, Уæрæсей хузæгæнгути академий академик, Уæрæсей хузæгæнгути цæдеси иуонг Соскъити Бариси фурт Владимир.
Аци устур, ахсгиаг мадзал къохи бафтудæй Боллоти Таймураз æма Байхъулти Цæраййи æнхуси фæрци.

Обратная связь