Уæдати Губади

Кадæнгæгæнæг. Донифарс, Лескен.

Райгурдæй 1842 анзи Дигоргоми, фæццардæй Донифарси. Зæнхи, фонси куст кодта. 1918 анзи ралигъдæй Лескенмæ.

Сувæллонæй берæ уарзта зартæ, аргъæуттæ, ахур сæ кодта фиццаг сæхемæ, хæдзари, уой фæсте ба – нихаси, бæрæгбæнтти рæстæги. Æ «ахургæнгутæ» адтæнцæ æ гъæугкаг Дзирати Дзида-Хадзи, мæхческаг Дзæгойти Дихо.

Æ репертуарæй финст æрцудæй 12 нарти кадæнги, æдеугурæй ба 63 адæмон уадзимиси.

Кадæнгитæ кодта нæртон хъайтартæбæл, фулдæр – Сослан æма Сирдонбæл.

Уæдати Губади ци кадæнгитæ кодта, уонæй тæккæ цæмæдессагдæртæбæл нимад æнцæ дууæ муггагей – Æхсæртæккатæ ‘ма Борати – фудæнхæдзийнадæбæл.

 

Уæдати Губадий кадæнгитæй.

 

СИРДОНИ ХÆСНÆ

Еу лæг Сирдони хæццæ хæснæ искодта:

– Уазай æфцæгмæ исхезгæй, æхсæвæй-бонæй ка бабухса æн’ арт, æнæ ниххусгæ, уомæн гал баст.

Сирдон Уазай бæрзондмæ иссудæй æма истадæй уоми, æ хæццæ ба ин лæг рарвиста. Æмбал имæ кастæй гъарæй. Ехæн куд н’ адтайдæ, æма Сирдон Хуми будури ниууидта арт. Сирдон æ къохтæ кæрæдзебæл райвæридæ, æ цæсгон расæрфидæ:

– Ох, ох, цæхæн арт æй, ку мæ исгъар кодта!

Æрцудæнцæ, æма ‘й бафарста:

– Гъи, куд, ци, бабухстæй?

– Бабухстæн, бабухстæн, – зæгъгæ, загъта. – Арт дæр нæ никкодтон, хусгæ нæ никкодтон, бадгæ дæр не ‘скодтон.

И æмбали бафарста:

– Æцæги бадгæ дæр не ‘скодта, арт дæр, хусгæ дæр?

– Уотæ адтæй, фал Хуми будури артмæ æ къохтæ тавта.

– Мадта е арт нæ ‘й?

‘Ма ибæл лæг исидæудтæй ‘ма неци бал равардта.

– Хуцау дин ма бакомæд! – загъта Сирдон.

Уалдæнги Сирдон косарт никкодта, кувд кæнун, зæгъгæ. Хонгутæ рарвиста, адæм æрæмбурд кодта. Æхуæдæгка, агæ ка ‘дтæй, уой рæхисбæл ниййауигъта, арт ба фæсдуар никкодта.

Адæм ку ‘рæмбурд æнцæ, уæд «нæма, нæма?» кæнунцæ.

-Гъуйтт, Нарт, ма рауæгæ уотæ! Нæ агæ фунх нæма ‘й!

Ку бауæгæ ‘нцæ, уæдта:

– Арæби, Сирдон бабæй цидæр бæллæх кæнуй, байбæрæг кæнайтæ!

Байбæрæг кодта еу лæг æма загъта:

– Гъи-гъæ, и агæ рæхисбæл ниййауигъта косарти марди хæццæ, арт ба фæсдуар никкодта!

Ци кæнис, Сирдон, дæ миутæй бабæй ку кæнис, ку нæ саис?

– Ци кæнун, – зæгъгæ, загъта. – И арт Хуми будурæй Уæзамæ ку хъæртуй, уæд фæсдуарæй ба тæригъосмæ нæ хъæртдзæнæй?

Æ хæснæ ка ‘дтæй, уобæл и лæг басастæй æма ин гал равардта.

Е дæр аги бунмæ бандзарста, æма кувд исцæттæ ‘й, æма бахуардтонцæ.

 

НАРТИ УАЦАМОНГÆ

НАРТИ ХÆМИЦИ ФУРТ БАТРАЗИ БАЦÆЙ

Нарт дзурдтонцæ Уацамонгæбæл, алке æвзурста, дзурдтонцæ сæ лæгигъæдтæ, æма неке уæрагмæ бахизтæй.

Уæдта зулун Батрази кезу æрхъæрдтæй, æма е, зæгъдзæнæн, зæгъгæ, загъта:

Æ фидæ Хæмиц ба ин загъта:

– Гъей, зулун, агкаг зæгъæ!

– Агкаг æма æнагкагæй неци зонун, фал Хуарелдари фурт Борхуаралий куд рамардтон, уой цацæгæй зæгъун, уацæгæй мæ уæраги сæрмæ Уацамонгæ æрбахезæд!

Уацамонгæ фæллæуирдта æма æ уæраги сæрмæ, æ гъæбесмæ æрбахизтæй.

Хуарелдар фæххуæстæй хуари æфсерæбæл æма ‘й зæнхæй уæлæмæ иссæрфта æ къохæй.

Æма ймæ Уасгерги дзоруй:

– Гъæйтт, мæ бæхи фагæ ма ‘й фæууадзæ!

Æма ‘й æфсерæ фæууагъта, инней ба истудта, æндæра зæнхæй æ кæронмæ хуар еугур æфсерæ адтæй. Уасгергий загъдæй ма æфсерæ байзадæй адæми цардæн адæми нивæй, æндæра зулун Батрази туххæй хуари муггаг исæфгæ кодта.

Обратная связь