(01.03.1868-18.06.1905)
Поэт, драматург, тæлмацгæнæг. Тугъдон.
Райгурдæй Мусгъæуи.
Павлодольски райдайæн скъола каст фæцæй, уой фæсте Ставрополи гимназимæ бацудæй, фал ин ахур уадзгæ рауадæй царди зин уавæрти туххæй.
1886 анзи Кизляро-Гребенскаг полкмæ бацудæй рæнгъон хъазахъагæй, уой фæсте урядник иссæй, æма юнкерти скъоламæ æрвист æрцудæй. 1893 анзи еци скъола фæцæй, райста подхоружиййи чин, службæ хаста Фиццаг Сунженскаг-Владикавказаг полки. 1896 анзи ин лæвæрд æрцудæй радон афицери звани – хорунжий (лейтенант), 1900 анзи ба иссæй сотник.
1904 анзи, штабс-капитани чини уогæй, æхе фæндонæй рандæй уруссаг-япойнаг тугъдмæ, уоми ба бæгъатæрæй фæммард æй 1905 анзи.
Блашкай фиццаг киунугæ – кадæнгæ «Сахи рæсугъд» рацудæй 1898 анзи Дзæуæгигъæуи.
«Дигорон уаджимистæ», æмдзæвгити æмбурдгонд – Шувалови типографий, 1902-аг анзи. Е ‘ннæ киунугæ – комеди «Æдули» геппи уагъд æрцудæй уоци типографий 1904-аг анзи.
Гурджибети Блашкай дууæфæлхæнон комеди «Æдули» фиццаг хатт гъæууон сценæбæл æвæрд æрцудæй Дзæрæштей гъæуи 1905-аг анзи. Октябри революций фæсте ба ‘й, ирон æвзагмæ тæлмацгондæй, æвдесун райдæдта Æрæдони хехъæппæресадон драматургон къуар. Етæ Киристонгъæуи /Дигори/ фиццаг хатт Блашкай комеди равдистонцæ 1927-аг анзи. Уой фæсте еуактон пьесити хæццæ «Æдули» æвæрд цудæй Ирон Паддзахадон драмтеатри сцени дæр. «Æдули»-æй скъуддзаг, уруссаг æвзагмæ тæлмацгондæй, киунугæ «Осетинская литература», зæгъгæ, уоми рацудæй Мæскуй 1952-аг анзи.
Блашкай æмдзæвгитæ, геппи рауадзуни агъонмæ, Мæздæги зилди цæргути æхсæн къохфинстæй парахат кодтонцæ. Блашка, офицер уогæй, æ гъæуи ку уидæ, уæд алкæддæр скъоламæ бацæуидæ, æрибæл æмбурд уиуонцæ, æ нæуæг финститæ син бакæсидæ, етæ ин е ‘мдзæвгитæй ‘скъуддзæгтæ багъуди кæниуонцæ.
XX æноси 30-аг æнзти Цæгат Иристони наукон-æртасæг Институти Галати Степанæн бабæрнæхст кодтонцæ Блашкай къохфинститæбæл бакосун. Æ хæдзарæмæ сæ райста, 1937-аг анзи ба репрессигонд æрцудæй, æма еци æрмæгутæ ци фæцæнцæ, е нæбал исбæрæг æй.
Блашка тæлмацгæнæг дæр адтæй, фал æ тæлмацитæй мах уæнгæ рахъæрттæй æрмæстдæр М.Лермонтови æмдзæвгæ “Тамарæ”.
«Сахи рæсугъд», поэмæ, Дзæуæгигъæу, Шувалови рауагъдадæ, 1898.
«Дигорон уаджимистæ», æмдзæвгитæ, Дзæуæгигъæу, Шувалови рауагъдадæ, 1902.
«Æдули», пьесæ, Дзæуæгигъæу, Шувалови рауагъдадæ, 1903.
«Уаджимистæ», Орджоникидзе, 1966.
«Дигорон уаджимистæ» (байцæттæ кодта Къибирти Амурхан), Дзæуæгигъæу, «Ир», 2002.
“Дигорон уаджимистæ” (аразгутæ Къибирти Амурхан, Тахъазти Федар), Дзæуæгигъæу, “Ир”, 2018.
МÆ ФÆНДУР
Цæгъдæ, цæгъдæ, мæ фæндур,
Дæ хатæнти – нæуæг гъæр.
Æз дæ кæнун мæ уæлхъур
Царди мæтæй хъæбæрдæр.
Æй усмæ нæ бæрагæ,
Дзурди гæпп ни игурæд!
Цæй, зарæн ‘хе бæрагæ,
Игъауги æй хуæрзбæрæг!
ÆХСÆВÆ
Стъалутæ, жингау,
Арви — цæхæрæй,
Мæйæ шин — фиййау,
Цæфсунцæ минæй.
Чъеутæ гъæдбилтæ
Павжи сæ зари,
Кæнунцæ миутæ
Еумæ сæ бари.
Еу уг кæмидæр
Гъулæг никкæуй;
Ристæй хъæбæрдæр
Зæрдæ ниццæвуй.
Хонхæй будурмæ
Салан сæ дзагъди,
Хæссунцæ дзæгъунмæ
Дæнттæ сæ тагъди.
Изол, чи цади,
Хуцау сæ дæшни,
Æппæлуй сæ царди
Гъæрæй мин хæфши..
Ниххустæй дуйней,
Райсгæй æй хуссæг…
Сгаруй ма къуарей
Кæмидæр фудлæг;
Айдагъ нæ тухсуй
Арви и мæйæ,
Зæнхæн рæдзæхсуй
Рохсæй æ зæйæ.
МÆГУРГОР
Унги губурæй,
Фече реу — игон,
Рæвдзæ фæндурæй,
Цæруй мæгургор.
Дуйне — æ бæстæ,
Жин цард — неун,
Лæдзæг — цæстæ,
Æвгъау — æ геун;
Рæдау — æ мадзал,
Е `знаг — цæлæмбуд;
Фæндон — æ адзал,
Унги — æнæ `нгъуд…
Сæрдæ, зумæгæй –
Пæлæз æ рагъи,
Зæрдæй унгæгæй
Неуй æ уаргъи.
Хор æй æ тæфи
Æрдгæмæ фицуй,
Гъист æй æ суфи
Уæнгæлæй хинцуй.
Уæддæр еунæгæй,
Иливд, сæригон,
Фече, бæгънæгæй
Хæтуй мæгургор.
Гурджибеков Блашка Майрансауович
01.03.1868 – 18.06.1905
Родился в станице Ново-Осетинской. Окончил Павлодольскую начальную школу, затем поступил в Ставропольскую гимназию, однако был вынужден оставить учебу.
В 1886 году был зачислен в Кизлярско-Гребенской полк рядовым казаком. Затем, в звании
урядника, был направлен в Ставропольскую школу юнкеров.
В 1883 году, после успешного окончания школы, в чине подхорунжего был направлен в Первый Сунженско-Владикавказский полк. В 1896 году ему присваивается очередное офицерское звание – хорунжий. В 1900 году он становится сотником.
В 1904 году Блашка ушёл добровольцем на русско-японскую войну. Погиб – пал смертью храбрых – при штурме укреплённой позиции противника.
Тело его было перевезено на родину и захоронено в родном селе.
Посмертно был представлен к награде – ордену Святого Владимира IV степени с мечом и бантом.
Из литературного наследия до нас дошли произведения, опубликованные при жизни Блашка.
Он занимался также переводом произведений русских авторов на дигорский, однако сохранилось только одно стихотворение – «Тамара» М.Ю.Лермонтова.
Через всё творчество Блашка проходят темы гуманизма, любви к Родине.